Куыд ис телефонӕй хъусын кӕнӕн
Мах сӕйраджыдӕр хъусын кӕнӕм хӕдзарӕй-хӕдзармӕ. Фӕлӕ телефонӕй хъусын кӕнын дӕр хорз мадзал у, цӕмӕй не ’мбырды территорийы Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар фехъусын кӕнӕм, уӕлдайдӕр та, хӕдзӕрттӕм сӕрибарӕй бацӕуӕн кӕм нӕй, уыцы участокты (Лук. 10:5–7; Хъуыд. 5:42; 20:20).
Телефонӕй хъусын кӕнын стыр ӕххуыс у, йӕ низы тыххӕй фылдӕр рӕстӕг хӕдзары чи вӕййы, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн. Уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытимӕ телефонӕй хъусын кӕнгӕйӕ иннӕ хъусынгӕнджытӕн дӕр сӕ уырнындзинад бафидар вӕййы (Ром. 1:11, 12). Стӕй ма телефонӕй хъусын кӕнӕн вӕййы, боныхъӕд ӕвзӕр куы уа, уӕд дӕр. Хуыздӕр уаид, телефонӕй хъусын кӕнгӕйӕ бирӕйӕ куы нӕ уаиккат, фӕлӕ цалдӕр адӕймагӕй, цӕмӕй алкӕмӕндӕр фадат уа рӕстӕгӕй хорз спайда кӕнынӕн.
Телефонӕй куыд хъусын кӕнын хъӕуы, уый фыст ис 5 ӕмӕ 6 фӕрстыл. Уым ма ис афтид бынат дӕр, цӕмӕй дзы ныффыссай, уӕ территорийы хуыздӕр куыд уыдзӕн кӕнӕ дӕуӕн ӕнцондӕр куыд уыдзӕн ныхас райдайын. Дӕ бон у уыцы фӕрстӕн къопитӕ скӕнын, цӕмӕй ацы сыфтыл ма фыссай. Телефонӕй хъусын кӕнгӕйӕ хуыздӕр у стъолы фарсмӕ бадын, цӕмӕй уыцы гӕххӕтт дӕ разы уа.
Телефонӕй хъусын кӕнгӕйӕ ма дӕ цы бахъӕудзӕн? Дӕ бон у ӕрцӕттӕ кӕнын:
◼ Библи.
◼ «Рассуждение с помощью Писаний».
◼ «Благая весть для людей из всех народов».
◼ Статьятӕ рубрикӕйӕ «Хуыцауы Ныхас хуыздӕр базон».
◼ Алы мӕй дӕр парахат кӕнынӕн кӕй райсӕм, уыцы брошюрӕтӕ ӕмӕ «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг».
◼ Алыхуызон трактаттӕ ӕмӕ брошюрӕтӕ.
◼ Ӕмбырдмӕ хуынды гӕххӕтт.
◼ Блокнот, ручкӕ кӕнӕ кърандас.
БАФСНАЙ ЙӔ
ТЕЛЕФОНӔЙ КУЫД ХЪУСЫН КӔНЫН ХЪӔУЫ
УЫНАФФӔТӔ
◼ Ма тыхс. Ӕнӕуи куыд фӕдзурыс, афтӕ дзур. У уӕздан, фӕразон ӕмӕ хӕларзӕрдӕ.
◼ Тагъд ӕмӕ ӕгӕр хъӕрӕй ма дзур.
◼ Цыма дӕ адӕймаг уыны, афтӕ-иу худгӕ дӕр бакӕн ӕмӕ-иу къухӕй дӕр цыдӕртӕ равдис.
◼ Кӕм нӕ хъӕуы, уым паузӕтӕ ма кӕн.
◼ Адӕймагмӕ-иу байхъус ӕмӕ-иу ын бузныг зӕгъ, йӕ хъуыды кӕй загъта, уый тыххӕй.
◼ Фарста дӕм куы ратта, уӕд-иу ӕй ды ногӕй хъӕрӕй зӕгъ, цӕмӕй дын де ’мбал дзуапп ссара Библийы, чиныджы «Рассуждение» кӕнӕ ӕндӕр публикацийы. (Хуыздӕр уаид, телефонӕй дзургӕйӕ-иу, «громкая связь» кӕй хонынц, уымӕй куы нӕ пайда кӕнис.)
◼ Мысайнӕгты кой-иу ма скӕн, науӕд ахъуыды кӕндзӕн, телефонӕй цыдӕртӕ кӕй уӕй кӕныс. Фӕлӕ уыцы адӕймагимӕ куы фембӕлай, уӕд ын дӕ бон у зӕгъын, нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг мысайнӕгты фӕрцы кӕй цӕуы.
НЫХАС ЦӔМӔЙ РАЙДАЙӔН ИС
◼ «Дӕ бон хорз. Мӕ ном хуыйны... Мӕ бон дӕм бацӕуын нӕу, ӕмӕ дӕм уый тыххӕй бадзырдтон. Ӕз уӕм ӕввахс цӕрын. [Дӕ бон у дӕ уынджы кӕнӕ дӕ районы ном зӕгъын.] Фӕнды мӕ базонын, ды та куыд хъуыды кӕныс...»
◼ «Дӕ бон хорз. Мӕ ном хуыйны... Нӕ районы адӕмӕн ӕххуыс кӕнын сӕ фарстатӕн Библийӕ дзуапп базонынӕн. Искуы хъуыды кодтай..?»
◼ «Дӕ бон хорз. Мӕ ном хуыйны... Афтӕ ма ахъуыды кӕн, ӕмӕ цыдӕртӕ уӕй кӕнын. Ӕз дӕр уӕм хӕстӕг цӕрын, ...уынджы. Нӕ районы бирӕты мӕты ӕфтауы...» Зӕгъ, кӕм цӕрыс, уым адӕмы цы тыхсын кӕны, уый тыххӕй.
◼ [Ныффысс дӕхи вариант.]
[Стӕй дарддӕр ныхас кӕн, дӕ ныхас цӕмӕй райдыдтай, уымӕ гӕсгӕ. Дӕ бон у спайда кӕнын чиныгӕй «Рассуждение», «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг»-ӕй кӕнӕ дӕхӕдӕг цы бацӕттӕ кодтай, уымӕй.]
◼ [Ныффысс дӕхи вариант.]
Адӕймагимӕ фыццаг хатт куы ныхас кӕнай, уӕд-иу ын Библи ахуыр кӕныны тыххӕй зӕгъ:
◼ «Дӕ бон хорз. Мӕ ном хуыйны... Ӕз дӕр уӕм хӕстӕг цӕрын, ... уынджы. Ӕз адӕмимӕ Библи лӕвар ахуыр кӕнын. Нӕ бон у дӕ Библимӕ гӕсгӕ цалдӕр фарстайыл аныхас кӕнын. [Бакӕс, адӕймаджы чи бацымыдис кӕна 2–3 ахӕм фарстайы чиныгӕй «Рассуждение».] Тынгдӕр дӕ кӕцыйӕн фӕнды дзуапп базонын? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Цы фарстатӕ дын бакастӕн, уыдонӕн Библийы ис дзуапп. Мӕ бон дын у бахӕссын, Библи чи ӕмбарын кӕны, ахӕм брошюрӕ, фидын ын нӕ хъӕуы».
Адӕймаг йӕ хъуыды уайтагъд куы нӕ дзура, уӕд ын зӕгъ:
◼ «Уӕд дӕм иннӕ хатт бадзурдзынӕн, цӕмӕй цыбыртӕй аныхас кӕнӕм, ацы фарстайы фӕдыл Библи цы дзуры, ууыл. Ацафон дӕм куы фӕдзурон, уӕд хӕдзары уыдзынӕ?»
◼ [Ныффысс дӕхи вариант.]
Адӕймаг куы зӕгъа:
«ДЫ ЦЫ ДИНЫЛ ХӔСТ ДӔ?»
◼ «Ӕз дӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕн». Стӕй зӕгъ, цы бацӕттӕ кодтай, уый.
«МӔ ТЕЛЕФОНЫ НОМЫР МЫН КӔЦӔЙ БАЗЫДТАЙ?»
◼ «Телефонты справочникӕй». Стӕй зӕгъ, цы бацӕттӕ кодтай, уый.
◼ «Ӕввахс мӕм чи цӕры, уыдонӕй алкӕмӕ дӕр дзурын». Стӕй зӕгъ, цы бацӕттӕ кодтай, уый.
◼ «Ацы номыртӕ кӕй сты, уый нӕ зыдтон, афтӕмӕй фӕдзырдтон». Стӕй зӕгъ, цы бацӕттӕ кодтай, уый.
«ӔЗ ДӔН, ТЕЛЕФОНӔЙ ДЗУРЫН КӔМӔ НӔЙ, УЫДОНЫ СПИСОКЫ».
◼ «Ӕз ницы уӕй кӕнын ӕмӕ мӕм ахӕм список нӕй». Стӕй зӕгъ, цы бацӕттӕ кодтай, уый.
Адӕймаг куы зӕгъа, цӕмӕй йӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ мауал дзурой:
◼ «Уый тыххӕй ӕнӕмӕнгдӕр мӕхимӕ ныффысдзынӕн ӕмӕ дӕм нал фӕдзурдзынӕн». Дӕ ныхас ууыл фӕу. Ныффысс адӕймагӕн йӕ ном, кӕд ӕм дзырдтай, уыцы бон ӕмӕ йӕ дӕ участокы карточкӕимӕ сӕвӕр.
Автоответчик дзуапп куы ратта:
◼ «Бӕргӕ мӕ фӕндыд демӕ аныхас кӕнын, фӕлӕ хӕдзары нӕ разындтӕ. Мӕ ном хуыйны... Уый тыххӕй дӕм бадзырдтон, цӕмӕй дӕ фӕхонон Библийыл арӕзт раныхасмӕ. Раныхас хуыйны: ․․․․․.
[Бон ӕмӕ рӕстӕг] ․․․․․.
[Адрис] ․․․․․.
Фидын дзы нӕ хъӕуы».
◼ «Мӕ ном хуыйны... Уӕ районы адӕмӕн ӕххуыс кӕнын сӕ фарстатӕн Библийӕ дзуапп базонынӕн. Ӕндӕр хатт дӕм фӕдзурдзынӕн».
◼ [Ныффысс дӕхи вариант.]
КӔРОНБӔТТӔНТӔ
◼ «Мӕнмӕ ис, ацы фарстайы фӕдыл фылдӕр фыст кӕм ис, ахӕм публикаци. Мӕ бон у, ӕмӕ дын ӕй бахӕссон, фидын ын нӕ хъӕуы».
◼ «Демӕ аныхас кӕнын мын ӕхсызгон уыд. Гӕнӕн ис, цӕмӕй дӕм иннӕ хатт (мӕ цардӕмбалимӕ) бацӕуон ӕмӕ ма ацы фарстайыл ноджыдӕр аныхас кӕнӕм? Нӕ бон ма уыдзӕн ахӕм фарстайӕн дзуапп базонын: ․․․․․».
◼ «Демӕ ӕхсызгонӕй аныхас кодтон. Иннӕ хатт дӕм фӕдзурдзынӕн ӕмӕ Библийӕ дзуапп базондзыстӕм ахӕм фарстайӕн: ․․․․․. Абон дӕм цафон фӕдзырдтон, уыцы афон та-иу дӕм бадзурон?»
◼ [Ныффысс дӕхи вариант.]
Адӕймаджы куы нӕ фӕнда, цӕмӕй йӕм бацӕуай:
◼ «Кӕд дӕ фӕнды, уӕд дын ацы публикаци почтӕйы уылты арвитдзынӕн».
◼ «Уӕд-та дӕм ӕндӕр хатт фӕдзурон, цӕмӕй ма ноджыдӕр аныхас кӕнӕм? Ацафон-иу дӕм бадзурон?»
◼ «Демӕ ныхас кӕнын мын ӕхсызгон уыд. Фӕнды мӕ, цӕмӕй дӕ Библийыл арӕзт раныхасмӕ фӕхонон. Раныхас хуыйны: ․․․․․.
[Бон ӕмӕ рӕстӕг] ․․․․․.
[Адрис] ․․․․․.
Фидын дзы нӕ хъӕуы».
◼ [Ныффысс дӕхи вариант.]