Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 12/03 1 ф.
  • Агурӕм аккаг адӕмы

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Агурӕм аккаг адӕмы
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Телефонӕй куы хъусын кӕнӕм, уӕд нын бирӕ бантысдзӕн
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2009
  • Цы пайда у, цӕмӕй дын участок уа?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2013
  • Куыд ис ӕхсӕнадон бынӕтты хъусын кӕнӕн
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2004
  • Кӕм хъусын кӕнай, уый дын ис?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2006
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
km 12/03 1 ф.

Агурӕм аккаг адӕмы

1 Йесо куыд дзырдта, афтӕ хъусын кӕнын ӕнцон нӕу. Уый загъта: «Цавӕр сахармӕ кӕнӕ хъӕумӕ [ма] бацӕуат сымах, ссарут аккаг адӕймаг» (Матф. 10:11). Абон адӕм сӕ хӕдзӕртты къаддӕр рӕстӕг кӕй вӕййынц, уымӕ гӕсгӕ сӕ нӕ бон куыд у агурын?

2 Ахъуыды кӕн дӕ участокыл. Фыццаджыдӕр уал ахъуыды кӕн дӕ участокыл. Адӕм сӕ хӕдзӕртты арӕхдӕр кӕд вӕййынц? Кӕм сӕ ис бонӕй ссарӕн? Хуыздӕр нӕм кӕд байхъусдзысты, ахӕм бӕлвырд бон, йе та рӕстӕг ис? Дӕ участокы цӕрӕг адӕмы боны фӕтк ӕмӕ уавӕртӕм гӕсгӕ дӕ уацамынд куы пълан кӕнай, уӕд дӕ къухы бафтдзӕн иууыл хуыздӕр ӕнтыстытӕ (1 Кор. 9:23, 26).

3 Хъусынгӕнджытӕй бирӕтӕ адӕмы сӕ хӕдзӕртты ссарынц изӕрыгӕтты. Уыцы рӕстӕджы иуӕй-иутӕ фӕкӕнынц улӕфгӕ ӕмӕ хуыздӕр фӕхъусынц. Зымӕджы тагъд кӕй ӕрталынг вӕййы, уымӕ гӕсгӕ изӕрыгӕтты телефонӕй хъусынгӕнгӕйӕ (бар кӕм ис, уым), гӕнӕн ис фылдӕр адӕмимӕ аныхас кӕнӕн. Адӕмӕн ма хорз хабар фехъусын кӕнӕн ис ӕхсӕнадон бынӕтты ӕмӕ куыстуӕтты дӕр.

4 Фылдӕр цы мӕйты фӕхъусын кӕнӕм, уыцы мӕйтӕй иуы иу ӕмбырд сфӕнд кодта уацамынды цӕуын сабат-хуыцаубоны фӕссихор, ӕмӕ ӕртыццӕг ӕмӕ майрӕмбоны та изӕрырдӕм. Уыдон ма хъусын кодтой телефонӕй ӕмӕ ӕхсӕнадон бынӕтты дӕр. Ацы хъуыддӕгтӕ хъусынгӕнджыты зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыдысты ӕмӕ ӕмбырд аскъуыддзаг кодта дарддӕр дӕр афтӕ хъусын кӕнын.

5 Адӕммӕ-иу ногӕй ӕнӕмӕнгдӕр бацу. Дӕ участокы адӕмы куы нӕ ӕййафай ӕмӕ ногӕй семӕ дӕ бон куы нӕ уа аныхас кӕнын, уӕд-иу алы фембӕлды фӕстӕ дӕр, уыимӕ фыццаг фембӕлды фӕстӕ дӕр, семӕ баныхас кӕн, иннӕ хатт бӕлвырд кӕд фембӕлдзыстут, ууыл. Дӕ ныхас-иу ӕнӕмӕнг сӕххӕст кӕн (Матф. 5:37). Кӕд ӕмбӕлон уа, уӕд-иу хӕдзары хицауы телефоны номыр райс. Уый фӕрцы дӕр дӕ бон уыдзӕн адӕймагимӕ ногӕй аныхас кӕнын.

6 Аккаг адӕмы куы агурӕм ӕмӕ гыццыл дӕр чи бацымыдис кодта, уыдонмӕ ногӕй куы цӕуӕм ӕмӕ уый зӕрдиагӕй куы аразӕм, уӕд нӕ Иегъовӕ йӕ хорзӕхӕй ӕнӕмӕнгдӕр схайджын кӕндзӕн (Ӕмб. 21:5).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын