Кур ӕххуыс
1 Библийы фыст ныхӕстӕ «уӕззау рӕстӕджытӕ», зӕгъгӕ, хауынц абоны тыхст рӕстӕгмӕ (2 Тим. 3:1). Уӕдӕ цы ис аразӕн, духовон ӕгъдауӕй куы фӕтыхсай, ӕмӕ йӕм цӕттӕ кӕй нӕ дӕ, уый куы хатай, уӕд?
2 Нӕ дӕ фӕнды уе ’мбырдӕй духовон ӕгъдауӕй фӕлтӕрдджын адӕймагимӕ аныхас кӕнын? Иуӕй-иутӕ ӕфсӕрмы фӕкӕнынц, кӕнӕ та сӕ нӕ фӕфӕнды искӕй тыхсын кӕнын кӕнӕ та фӕдызӕрдыг кӕнынц, исчи сын кӕй баххуыс кӕндзӕн, ууыл. Гӕнӕн уӕвгӕйӕ хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй нӕ хӕслӕвӕрдтӕ хуыздӕр ӕххӕст кӕнӕм, фӕлӕ уыимӕ хъуамӕ ма рох кӕнӕм, нӕ бон кӕй у нӕ духовондзинадмӕ цы хъуыддӕгтӕ хауы, уыдоны тыххӕй алыхатт дӕр сӕрибарӕй ӕххуыс курын (Гал. 6:2, 5).
3 Цӕмӕй ис райдайӕн? Дӕ бон у уӕ чиныгахуыркӕнынады разамонӕгимӕ аныхас кӕнын ӕмӕ йын демӕ уацамындмӕ ацӕуыны тыххӕй зӕгъын. Уый дын ратдзӕн фадат, цӕмӕй йын зӕгъай, ӕмӕ дӕ духовон ӕгъдауӕй бафидар кӕна. Службӕйон ӕххуысгӕнӕг куы уа, уӕд ын бамбарын кӕн духовон ӕххуыс дӕ кӕй хъӕуы, ӕмӕ уый хистӕр нӕлгоймӕгтӕн зӕгъдзӕн, цӕмӕй дын баххуыс кӕной. Кӕнӕ та дӕ бон у хистӕр нӕлгоймӕгтӕй искӕимӕ аныхас кӕнын, цы дӕ тыхсын кӕны, ууыл.
4 Цыхуызӕн ӕххуыс дӕ хъӕуы? Цӕйдӕр тыххӕй дӕ ӕнувыддзинад фӕлӕмӕгъдӕр? Дӕ сывӕллӕтты иунӕгӕй хъомыл кӕныс ӕмӕ архайыс, цӕмӕй ӕмбырды уой? Чи зоны ацӕргӕ дӕ ӕмӕ дӕ ӕххуыс хъӕуы? Кӕнӕ та дӕ ныфс асаст цыдӕр хъуыддаджы тыххӕй? Нӕ уӕззау рӕстӕджыты зын цӕрӕн у, фӕлӕ ис цӕрӕн. Ӕххуыс кӕм ссарай, уый дын ис.
5 Куыд ӕххуыс кӕнынц хистӕр нӕлгоймӕгтӕ. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дыл зӕрдӕбынӕй аудынц. Уыдон дӕм байхъусдзысты, цӕуыл тыхсыс уый сын куы радзурай, уӕд. Ахӕм зындзинӕдтыл ма хъусынгӕнджытӕй исчи куы ӕмбӕла, уӕд уыцы фарстамӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ хъус ӕрдардзысты, ӕмбырды уӕнгты сӕ хӕдзӕртты куы бӕрӕг кӕной ӕмӕ ӕмбырды куы амоной, уӕд. «Дзугӕн фӕзминаг» кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ дын уыдон ӕнӕзивӕгӕй баххуыс кӕндзысты (1 Петры 5:3). Ацы фӕлтӕрдджын ӕфсымӕртӕ Библийы принциптӕй куыд пайда кӕнынц, уымӕ дӕ хъус куы дарай, уӕд дын уый фӕхуыздӕр кӕндзӕн дӕ лӕггаддзинад ӕмӕ дӕ сӕрмагонд цард (2 Тим. 3:16, 17).
6 Йесо нын ратта бирӕ «лӕвӕрттӕ адӕймӕгты хуызы» (Еф. 4:8, НД). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ махӕн кӕй ӕххуыс кӕнынц. Сӕ хӕс у дӕуӕн баххуыс кӕнын. Уыдон ӕцӕгдӕр «сымах сты» (1 Кор. 3:21—23). Уӕдӕ хуыздӕр уаид хъуыддагыл фӕстӕмӕ куы нӕ хӕцис, фӕлӕ йыл куы аныхас кӕнис. Ӕххуыс кур.