Цӕттӕ дӕ ӕппӕт тыхтӕй лӕггад кӕнынмӕ?
1 Йесо Чырысти йӕ уарзондзинадӕй адӕймагадӕн цы сарӕзта, уый тыххӕй нӕ бузныгдзинад хъуамӕ разӕнгард кӕна, цӕмӕй нӕ курдиӕттӕ, нӕ тыхтӕ ӕмӕ нӕ хъарутӕй пайда кӕнӕм. Сыгъдӕг Фыстад нӕм сиды: «Уӕ буӕрттӕ ӕрхӕссут ӕгас, сыгъдӕг нывондӕн, аккагӕй Хуыцауӕн» (Ром. 12:1). Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ фӕхъӕуы хи басгарын ӕмӕ сбӕлвырд кӕнын, нӕ бон цы у, уый кӕнӕм ӕви нӕ.
2 Библийы зонынадмӕ тырнын: Цӕмӕй ӕдзух Библи кӕсай ӕмӕ йӕ ахуыр кӕнай, уый тыххӕй рӕстӕг снысан кодтай? Уыцы графикмӕ гӕсгӕ архайыс? Алыхатт дӕр ӕмбырды фембӕлдтӕм хорз бацӕттӕ кӕныс? Кӕд бинонты хистӕр дӕ, уӕд дӕ бинонтимӕ ӕдзухдӕр Библи ахуыр кӕныс? Уыцы хъуыддӕгтӕн бахъӕудзӕн, телевизор, компьютер ӕмӕ ӕндӕр цӕуылдӕртыл цы рӕстӕг хардз кӕныс, уыцы рӕстӕгӕй рахицӕн кӕнын. Фӕлӕ цас диссаг уыдзӕн Хуыцауы Ныхасӕн рӕстӕг рахицӕн кӕнын, куы йӕ зонай, кӕй дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕнусон цардмӕ бахӕццӕ уай! (Иоан. 17:3).
3 Сывӕллӕтты хъомыл кӕнын: Сывӕллӕтты гыццылӕй зӕрдӕбынӕй кусыныл ӕнцондӕр у ахуыр кӕнын. Бамбарын сын кӕн: хъазынӕн кӕм ис рӕстӕг, уым хъуамӕ уа рӕстӕг кусынӕн дӕр ӕмӕ теократон хъуыддӕгтӕн дӕр (Еф. 6:4). Бабар сын кӕн исты пайдахӕссӕг хӕдзары куыст. Семӕ ӕдзухдӕр уацамынды цӕуынӕн график скӕн. Цы сын амоныс, уый дӕхӕдӕг дӕр кӕн.
4 Ӕмбырды хъуыддӕгтӕ: Ӕмбырд фидауы, алчидӕр дзы ӕппӕт тыхтӕй иннӕты пайдайӕн куы архайа, уӕд (Дзут. 13:16). Дӕ бон у Паддзахады тыххӕй хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддагӕн фылдӕр рӕстӕг рахицӕн кӕнын? Дӕ бон у рынчынтӕн кӕнӕ зӕрӕдтӕн ӕххуыс кӕнын, зӕгъӕм сӕ фембӕлдтӕм машинӕйыл ласын?
5 Йесо ӕппӕты зынаргъдӕр нывонд — йӕ адӕймагон цард — ӕрхӕссыны хӕдразмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, цӕмӕй Паддзахады хъуыддӕгтӕ фыццаг бынаты ӕвӕрдтаиккой, иннӕ хъуыддӕгтӕ та дыккаг бынаты (Мтф. 6:33). Иегъовӕйӕн ӕппӕт тыхтӕй, цингӕнгӕйӕ куы лӕггад кӕнӕм, уӕд уыдзыстӕм амондджын.