Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 5/00 7 ф.
  • Фарстыты асыкк

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Фарстыты асыкк
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Фарстаты асыкк
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2010
  • Сывӕллоны хъомыл кӕнут йӕ гыццылӕй
    Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
km 5/00 7 ф.

Фарстыты асыкк

◼ Уагдартӕн сӕ бон куыд у ныййарджытӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ сӕхи хорз дарой?

Сывӕллӕттӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сты тӕлфаг, бирӕ рӕстӕджы дӕргъы сӕ бон нӕ вӕййы иу ран бадын, ӕмӕ уым диссагӕй ницы ис. Фембӕлды фӕстӕ сӕ хъарутӕ цы фӕкӕной, уый сын нӕ вӕййы, ӕмӕ гӕнӕн ис ралидз-балидз кӕной, сӕ кӕрӕдзийы расур-басур кӕной Паддзахады Залы кӕнӕ фембӕлдтӕ кӕм вӕййынц, уым, суанг ма машинӕты лӕууӕндӕтты ӕмӕ тротуартыл дӕр. Фӕлӕ фӕсномыг ныхас раст дзуры: «Йӕхи бар цы лӕппуйы [сывӕллоны] ауадзай, уый йӕ ныййарӕджы фӕхудинаг кӕндзӕн» (Фӕс. н. 29:15, НД).

Хъыгагӕн, нӕ зӕронд ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй иуӕй-иутӕ сӕхи тынг ныццавтой, уымӕн ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕ скъуырдтой ӕмӕ ахаудтой. Уыцы хабар ныййарджытӕн дӕр ӕмӕ ӕмбырдӕн дӕр уыд тынг зын, ӕмӕ ма сӕ бахъуыд уӕлдай хӕрдзтӕ скӕнын дӕр. Сӕхи ӕмӕ иннӕты ӕдасдзинады тыххӕй сывӕллӕтты хъӕуы бафӕдзӕхсын, цӕмӕй Паддзахады Залы дӕр ӕмӕ ӕддейы дӕр ма ралидз-балидз кӕной ӕмӕ ма хъазой.

Библимӕ гӕсгӕ ныййарджытӕ хъуамӕ сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕной нӕ кувынады бынӕттӕн аргъ кӕнын (Еккл. 4:17а). Нӕ чырыстон фембӕлдты ӕмӕ конгресты рӕстӕджы нысангонд уагдартӕ сӕ хъус фӕдарынц, цӕмӕй дзы «алцыдӕр... уа уаг» ӕмӕ «ӕгъдауыл» (1 Кор. 14:40, НД; Кол. 2:5, НД). Уыдон хъуамӕ цырддзаст уой программӕйы размӕ, программӕйы рӕстӕг ӕмӕ йӕ фӕстӕ дӕр, уыимӕ мидӕгӕй дӕр ӕмӕ ӕддейы дӕр. Кӕд сывӕллон ралидз-балидз кӕны ӕмӕ фыдуаг митӕ кӕны, уӕд уагдарӕн йӕ бон у ӕмӕ йӕ уӕзданӕй ӕрлӕууын кӕна ӕмӕ йын бамбарын кӕна, афтӕ кӕнӕн цӕуылнӕ ис, уый. Сывӕллоны мадӕн кӕнӕ йӕ фыдӕн дӕр ис фӕлмӕнӕй уый тыххӕй зӕгъӕн ӕмӕ ма цӕмӕй сӕ сывӕллонмӕ дӕр кӕсой. Ныййарӕг хъуамӕ уымӕ йӕ хъус ӕрдара.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фембӕлдты рӕстӕджы хаттӕй-хатт дзидзидай сывӕллӕттӕ кӕнӕ уыдонӕй гыццыл стырдӕртӕ дӕр гӕнӕн ис кӕуой кӕнӕ хъыгдарой. Уагдартӕ фембӕлдмӕ ӕрбацӕуынц 20 минуты раздӕр, ӕмӕ уыдонӕн сӕ бон у залы фӕстаг рӕнхъытӕ бацахсын, сывӕллӕттимӕ уым бадын кӕй фӕнда, уыдонӕн. Иннӕтӕ та баххуыс кӕндзысты, уыцы бынӕттӕ куы нӕ ахсой, уымӕй.

Сывӕллон куы хъӕлӕба кӕна, уӕд ныййарӕг хъуамӕ ӕнцад ма бада. Кӕд ӕм йӕ хъус не ’рдара ӕмӕ сывӕллон иннӕты хъусын хъыгдара, уӕд ын уагдар фӕлмӕнӕй хъуамӕ зӕгъа, цӕмӕй сывӕллоны залӕй ракӕна. Цымыдисгӕнаг адӕмы фембӕлдтӕм куы ӕрбахонӕм ӕмӕ сывӕллӕттимӕ куы уой, уӕд хъӕуы семӕ сбадын ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕ куы кӕуой кӕнӕ куы хъӕлӕба кӕной, уӕд сӕм хъӕуы фӕкӕсын.

Стыр циндзинад нын хӕссы, Паддзахады Залы алы кары сывӕллӕттӕ кӕй ис ӕмӕ Хуыцауы хӕдзары сӕхи хорз кӕй дарынц, уый (1 Тим. 3:15). Сывӕллӕттӕ Иегъовӕйы кувынады скондӕн куы аргъ кӕной, уӕд ӕй уымӕй кадджын кӕндзысты, ӕмӕ сын ӕмбырды та аргъ кӕндзысты.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын