Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 11/00 1 ф.
  • Дарддӕр дӕр хъусын кӕнӕм!

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Дарддӕр дӕр хъусын кӕнӕм!
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Цӕмӕн хъӕуы дарддӕр дӕр хъусын кӕнын?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2002
  • Хуыздӕр цыдӕр кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй хорз хабар хӕссӕм
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2005
  • «Ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
  • «Бирӕ дыргъ» цӕмӕн хъуамӕ хӕссӕм?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2018
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
km 11/00 1 ф.

Дарддӕр дӕр хъусын кӕнӕм!

1 Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй «ӕппӕт адӕмтӕ фервӕзой ӕмӕ бахӕццӕ уой ӕцӕгдзинад [«ӕцӕгад», НФ] базонынмӕ» (1 Тим. 2:4). Уый нын растдӕр уый тыххӕй бахӕс кодта хорз уацхъуыд хъусын кӕнын (Мтф. 24:14). Куы ӕмбарӕм, дарддӕр дӕр цӕмӕ гӕсгӕ хъуамӕ хъусын кӕнӕм, уый, уӕд нӕ цыфӕнды зындзинад дӕр ӕмӕ сагъӕссаг хъуыдытӕ дӕр нӕ бауромдзысты.

2 Цӕмӕн нӕ хъӕуы фидарӕй архайын? Дунейы ис, мах адӕмӕн цы хабар дзурӕм, уый цӕй тыххӕй ферох кӕнынц ӕмӕ йӕм уӕлӕнгай цӕстӕй цӕй тыххӕй фӕкӕсынц, бирӕ ахӕм хъуыддӕгтӕ. Уымӕ гӕсгӕ сын хъуамӕ ӕдзух сӕ зӕрдыл лӕууын кӕнӕм Хуыцауы ирвӕзындзинады хабар (Мтф. 24:38, 39). Уымӕй уӕлдай ма адӕмы царды ӕдзухдӕр цӕуы ивындзинӕдтӕ. Суанг ма ӕгас зӕххыл дӕр уавӕр, гӕнӕн ис, фӕива цӕстыфӕныкъуылдмӕ (1 Кор. 7:31). Мах цы адӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдонӕн, чи зоны, райсом, иннӕ къуыри, йе та иннӕ мӕй фӕзына ног зындзинӕдтӕ кӕнӕ сагъӕстӕ ӕмӕ байхъусой, цы хорз уацхъуыд сын хъусын кӕнӕм, уымӕ. Зӕгъ ма, бузныг нӕ дӕ, ӕцӕгады тыххӕй дын цы Ӕвдисӕн радзырдта, уый дӕм ӕдзухдӕр кӕй цыд, уый тыххӕй?

3 Хуыцауы хуызӕн мах дӕр хъуамӕ уӕм тӕригъӕдгӕнаг. Иегъовӕ бирӕфӕразон кӕй у, уымӕ гӕсгӕ фыдгӕнджытыл йӕ тӕрхон сӕххӕст кӕныны размӕ дӕтты рӕстӕг, цӕмӕй сӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтыл ӕрфӕсмон кӕной. Мах уылты уый дарддӕр дӕр сиды растзӕрдӕ адӕммӕ, цӕмӕй йӕм раздӕхой ӕмӕ фервӕзой (2 Пет. 3:9). Хуыцау тӕригъӕдгӕнаг кӕй у, уый тыххӕй адӕмӕн куы нӕ хъусын кӕнӕм ӕмӕ, йӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ чи нӕ уадза, уыдоныл тагъд йӕ тӕрхон кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уый тыххӕй сӕ куы нӕ фӕдзӕхсӕм, уӕд мах уыдзыстӕм тугныккалды аххосджын (Иез. 33:1—11). Кӕд нӕм адӕм алы хатт нӕ фӕхъусынц, уӕддӕр хъуамӕ ныфсджын уӕм ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Хуыцауы диссаджы хатырдзинадӕн саргъ кӕной (Ап. к. 20:26, 27; Ром. 12:11).

4 Ӕвдисӕм нӕ уарзондзинад. Иегъовӕ Хуыцау Йесо Чырыстийы уылты бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, хорз уацхъуыд хъуамӕ хъуыстгонд ӕрцӕуа ӕгас зӕххыл дӕр (Мтф. 28:19, 20). Адӕм нӕм куы нӕ хъусой, уӕддӕр раст цы у, уый дарддӕр дӕр куы кӕнӕм, уӕд ӕвдисдзыстӕм, Хуыцауы кӕй уарзӕм ӕмӕ йыл иузӕрдион кӕй стӕм, уый (1 Иоан. 5:3).

5 Уӕдӕ дарддӕр дӕр ныфсджынӕй хъусын кӕнӕм ӕмӕ уыцы хъуыддаг зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕнӕм, Иегъовӕйы «ирвӕзыны бон» цалынмӕ нӕ фӕци, уӕдмӕ! (2 Кор. 6:2).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын