Цы ис базонӕн видеофильмӕй: «Библи: ӕцӕг историон цаутӕ, ӕууӕнчы аккаг пехуымпарӕдтӕ»
Ацы видеофильммӕ бакӕсгӕйӕ, дӕ бон суыдзӕн дзуапп радтын дӕлдӕр лӕвӕрд фарстытӕн? 1) Библийы цы ӕууӕнчы аккаг информаци ис, уый Суадон чи у? (Дан. 2:28) 2) Рагон Египты тыххӕй Библийӕ цавӕр раст зонындзинӕдтӕ ис райсӕн ӕмӕ куыд сӕххӕст Исайы 19:3, 4-ӕм стихты фыст пехуымпарад? 3) Ассирийӕгты, сӕ паддзӕхты ӕмӕ Ассирийы куынӕгдзинады тыххӕй Библийы цы цаутӕ ис фыст, уыдон археологи куыд бӕлвырд кӕны? (Наум 3:1, 7, 13) 4) Цавӕр пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст сты Вавилоныл? 5) Мидо-Перс Хуыцауы адӕмыл куыд ӕндӕвта? 6) Данелы 8:5, 8-ӕм стихты фыст пехуымпарад куыд сӕххӕст ӕмӕ цал азы размӕ уыд загъд? 7) Йесо куыд сбӕлвырд кодта, ӕцӕг Мессиа кӕй у, уый? 8) Раргомады 13:11 ӕмӕ 17:11-ӕм стихты фыст пехуымпарӕдтӕ абон цавӕр политикон паддзахӕдтыл ӕххӕст кӕнынц? 9) Екклесиасты 8:9-ӕм стихы фыст ныхӕсты растдзинад видеофильмы цавӕр бынӕттӕ бӕлвырд кӕнынц? 10) Библийы фидӕны тыххӕй цы зӕрдӕвӕрдтӕ ис, уыдоныл дын дӕ уырнындзинад ацы видеофильм куыд бафидар кодта? 11) Куыд ис ацы видеофильмӕй спайдагӕнӕн, цӕмӕй адӕмӕн бӕлвырд кӕнӕм, Библи Хуыцауӕй кӕй у?