Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 1/01 1 ф.
  • «Ӕрттивӕд уӕ рухс»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Ӕрттивӕд уӕ рухс»
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2001
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • «Уӕ рухс... кӕлӕд»
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2011
  • Уӕ рухс адӕммӕ кӕлӕд, цӕмӕй Йегъовӕйӕн кад хӕссат!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2018
  • Хуыцауы рухс суры талынг!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2002
  • «Уӕ рухс кӕлӕд»
    Зарут Йегъовӕйӕн!
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2001
km 1/01 1 ф.

«Ӕрттивӕд уӕ рухс»

1 Ӕгас дунейы адӕм нӕ алыварс сӕ цардӕй дӕр ӕмӕ сӕ ахастӕй дӕр Хуыцаумӕ ӕвдисынц, талынджы кӕй сты, уый. Ӕцӕгады рухс ӕргом кӕны талынджы «ӕнӕдыргъ хъуыддӕгтӕ», цӕмӕй нӕ бон уа нӕ цардӕн тӕссаг цӕлхдуртӕй нӕхи хизын. Уымӕ гӕсгӕ апостол Павел чырыстӕтты разӕнгард кодта: «Уӕхи иу дарут рухсы сабитау» (НФ) (Еф. 5:8, 11).

2 «Рухсы дыргъӕн» дунейы талынгимӕ иумӕйагӕй ницы ис (Еф. 5:9, НД). Цӕмӕй уыцы дыргъ хӕссӕм, уый тыххӕй хъуамӕ уӕм фӕзминаг чырыстӕттӕ ӕмӕ Йесойы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм адӕм. Ноджыдӕр ма хъуамӕ архайӕм зӕрдиагӕй, уӕм сыгъдӕгзӕрдӕ ӕмӕ ӕцӕгад ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзӕм. Уыцы дыргъ кӕй хӕссӕм, уый хъуамӕ ӕвдисӕм алыбон дӕр нӕ царды ӕмӕ нӕ лӕггаддзинады.

3 Ӕрттивӕм, фадат нын куы вӕййы, уӕд. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ӕрттивӕд уӕ рухс адӕмы раз» (Матф. 5:16). Йесойы фӕзмгӕйӕ, мах Иегъовӕйы рухс адӕмӕн дӕттӕм, Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ сын йӕ фӕндты тыххӕй куы фӕдзурӕм, уӕд. Адӕммӕ хӕдзӕрттӕм куы бацӕуӕм, не ’мкусджытӕн, скъолайы кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, нӕ сыхӕгтӕн кӕнӕ та ма нын фадат кӕм вӕййы, уым ӕцӕгады тыххӕй куы фӕдзурӕм, уӕд мах ферттивӕм рухсгӕнӕнты хуызӕн (Фил. 2:15).

4 Йесо загъта, иуӕй-иутӕн рухс ӕнӕуынон кӕй уыдзӕн, уый (Иоан. 3:20). Уӕдӕ махӕн нӕ ныфс нӕ асӕтты, адӕмӕн сӕ фылдӕры куы нӕ бафӕнды, цӕмӕй сын сӕрттива «Чырыстийы кады хорз уацхъуыды рухс» (2 Кор. 4:4). Иегъовӕ уыны ӕппӕт адӕмы зӕрдӕтӕ дӕр ӕмӕ уый нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ адӕмы ’хсӕн фыдгӕнджытӕ уа.

5 Иегъовӕйы фӕндӕгтыл куы цӕуӕм ӕмӕ нӕм Хуыцауы рухс куы уа, уӕд ӕй нӕ бон уыдзӕн иннӕтӕн дӕр дӕттын. Адӕм нӕ уагахастӕй куы уыной, «царды рухс» нӕм кӕй ис, уый, уӕд, чи зоны, уыдоны дӕр бафӕнда сӕ царды ахӕм ивындзинӕдтӕ скӕнын, цӕмӕй рухс дӕттой (Иоан. 8:12).

6 Нӕ рухс адӕмы раз куы ӕрттива, уӕд уый хӕсдзӕн кад не Сфӕлдисӕгӕн, сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн та ӕххуыс кӕндзӕн уый базонынӕн ӕмӕ сын фӕзындзӕн ӕнусон царды ныфс (1 Пет. 2:12). Уӕдӕ нӕм кӕд рухс ис, уӕд ӕй дӕттӕм иннӕтӕн дӕр, цӕмӕй духовон талынгӕй рацӕуой ӕмӕ рухсы хъуыддӕгтӕ аразой.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын