Дӕ циндзинад ма фесаф
1 Йесо загъта, зӕгъгӕ, ӕнӕуынгӕ хуызы адӕмы ’хсӕн куы уа, уӕд Нойы бонты куыд уыд, афтӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр «сӕ хъус нӕ дардзысты» (Матф. 24:37—39, НД). Уӕдӕ бирӕтӕ Паддзахады тыххӕй хорз уацхъуыдмӕ кӕй нӕ хъусдзысты, уым диссагӕй ницы ис. Цӕмӕй нын нӕ лӕггаддзинад ӕдзухдӕр циндзинад хӕсса, уымӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн? (Пс. 99:2).
2 Фыццаджыдӕр хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, адӕмӕн цы хабар хъусын кӕнӕм, уый дӕр ӕмӕ хъусын кӕныны фӕдзӕхст дӕр нын Хуыцау кӕй радта. Ӕппӕт тыхтӕй куы фӕархайӕм ӕмӕ нӕм уӕддӕр адӕм куы нӕ фӕхъусынц, уӕд ӕцӕгӕй уыдон нӕ фӕхъусынц Иегъовӕмӕ. Нӕ иузӕрдиондзинад хъусын кӕныны хъуыддаджы йӕ зӕрдӕмӕ кӕй цӕуы, уый куы нӕ рох кӕнӕм, уӕд нӕм уыдзӕн циндзинад ӕмӕ нӕ зӕрдӕтӕ райдзысты, Хуыцауы ныхас кӕй ӕххӕст кӕнӕм, уымӕй (Иак. 1:25).
3 Дыккаг уый, ӕмӕ ма уӕддӕр ис, Иегъовӕйы ирвӕзындзинады фӕрӕзӕй чи спайда кӕндзӕн, ахӕм адӕм. Кӕд адӕмӕн сӕ фылдӕрмӕ нӕ уацхъуыд нымады дӕр нӕу, уӕддӕр ма суанг абон дӕр, кӕроны рӕстӕджы фӕуды ис, ӕрӕмбырд кӕнын кӕй хъӕуы, бирӕ ахӕм фысы хуызӕн адӕм. Мах хъуамӕ дарддӕр дӕр хъусын кӕнӕм, цӕуӕм алы «сахармӕ кӕнӕ хъӕумӕ», цӕмӕй «ссарӕм аккаг адӕм» (Матф. 10:11—13).
4 Раст зондахаст дын уӕд. Иуӕй-иутӕ фыдӕнхъӕл фӕвӕййынц мӕнг дины кӕуинаг хабӕрттӕй. Иннӕтӕ та ацы дунейы цардӕвӕрды тыххӕй сты «тыхсаст ӕмӕ хӕлиу» (Матф. 9:36). Бирӕтӕ, гӕнӕн ис, мӕт кӕнынц, куыст сын кӕй нӕй, ууыл, стӕй ма сӕ ӕнӕниздзинадыл дӕр ӕмӕ ӕдасдзинадыл дӕр. Уыдӕттӕ куы ӕмбарӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн нӕ хъуыддаг дарддӕр дӕр зӕрдӕбынӕй кӕнынӕн. Хъуамӕ архайӕм, нӕ территорийы адӕмы иууыл тынгдӕр цы фарстатӕ тыхсын кӕнынц, уыдоныл ныхас кӕныныл. Баххуыс сын кӕн бамбарынӕн, сӕ зындзинӕдтӕй сӕ ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй фервӕзын кӕндзӕн, уый. Цӕмӕй хорз уацхъуыд сӕ зӕрдӕтӕм айсой, уый тыххӕй пайда кӕн Библийы стихтӕй ӕмӕ сын публикацитӕй цы хъуыдытӕ баххуыс кӕндзысты, уыдонӕй (Дзут. 4:12).
5 Хуыцауы ныхас цингӕнгӕйӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕй рох нӕу: «Иегъовӕйыл кӕй цин кӕнӕм, уый [нӕ] фидар кӕны» (Неем. 8:10). Ӕппындӕр нын ницы аххосаг ис, цӕмӕй нӕ циндзинад фесафӕм. «Кӕд хӕдзар аккаг уа, уӕд уӕ фарн ӕрцӕудзӕн ууыл; куы нӕ уа аккаг уӕд уӕ фарн сымахмӕ раздӕхдзӕн» (Матф. 10:13). Иегъовӕйы сыгъдӕг лӕггаддзинады фӕразонӕй куы архайӕм, уӕд нын уый нӕ циндзинад фылдӕр кӕндзӕн ӕмӕ нын ног хъарутӕ дӕтдзӕн, стӕй ма нын арфӕ кӕндзӕн нӕ иузӕрдиондзинадӕн дӕр.