«Иегъовӕйӕн зӕрдӕрухсӕй лӕггад кӕнӕм»
1. Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн стыр цины хос цы у?
1 «Зӕрдӕрухс ут кӕддӕриддӕр Хицауӕй,— ныффыста апостол Павел.— Ӕмӕ ноджыдӕр ма зӕгъын, зӕрдӕрухс ут!» (Фил. 4:4, НФ). Хорз хабар хъусын кӕныны кадджын хӕс ныл кӕй ис ӕмӕ фысау сабыр адӕмӕн Иегъовӕмӕ ӕрцӕуынӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый йӕхӕдӕг дӕр стыр цины хос у (Лук. 10:17; Ап. к. 15:3; 1 Фес. 2:19). Фӕлӕ нӕм хаттӕй-хатт афтӕ куы кӕса, ӕмӕ нӕ лӕггадӕй нӕ зӕрдӕ нал рухс кӕны, уӕд нын цы кӕнгӕ у?
2. Уацамынд нын нӕ бӕрны чи бакодта, уый ӕдзухдӕр нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нӕ циныл цин куыд ӕфтдзӕн?
2 Хуыцау нын бахӕс кодта уыцы куыст. Нӕ зӕрдыл хъуамӕ дарӕм — уацамынд нын нӕ бӕрны бакодта Иегъовӕ. О, мах нӕхицӕн стыр кадыл нымайӕм, Хуыцауы Паддзахады хабар хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы «Хуыцауы ӕмкусджытӕ» кӕй стӕм, уый! (1 Кор. 3:9, НД). Йесо Чырысти нын ӕххуыс кӕны, чи никуыуал уыдзӕн, уыцы куысты (Матф. 28:18—20). Уӕдӕ зӕдтӕ дӕр фӕсте нӕ зайынц ӕмӕ зӕрдиагӕй немӕ архайынц, ныртӕккӕ цы диссаджы «хуымгӕрдӕны» куыст цӕуы, уым (Ап. к. 8:26; Рарг. 14:6). Сыгъдӕг Фыстад, стӕй Хуыцауы адӕмыл цы цымыдисаг хабӕрттӕ ӕрцӕуы, уыдон иууылдӕр ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ уыцы куыстӕн ахъазгӕнӕг у Иегъовӕ. Уымӕ гӕсгӕ, куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд фӕцӕуӕм «Хуыцауы номӕй, Хуыцауы раз, Чырыстийы ӕмдзинады» (2 Кор. 2:17, НФ). Цы ма уа уымӕй стырдӕр цин?!
3. Цӕмӕй Хуыцауӕн зӕрдӕрухсӕй лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй кувын ӕнӕмӕнгдӕр цӕмӕн хъӕуы?
3 Цӕмӕй Хуыцауӕн зӕрдӕрухсӕй лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй ӕнӕмӕнгдӕр кувын цӕмӕн хъӕуы (Гал. 5:22). Хуыцауы куыст ӕрмӕстдӕр уый хъаруйы руаджы кӕй кӕнӕм, уымӕ гӕсгӕ дзы хъуамӕ йӕ сыгъдӕг уд курӕм. Ӕмӕ дзы чи куры, уыдонӕн та йӕ не ’вгъау кӕны (Лук. 11:13; 2 Кор. 4:1, 7; Еф. 6:18—20). Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы тыххӕй куы кувӕм, уӕд-иу нӕм кӕд хорз цӕстӕй нӕ ракӕсой, уӕддӕр-иу нӕ къухтӕ не ’руадздзыстӕм. Уый фӕрцы дарддӕр дӕр ӕдӕрсгӕйӕ ӕмӕ зӕрдӕрайгӕйӕ хъусын кӕндзыстӕм (Ап. к. 4:29—31; 5:40—42; 13:50—52).
4. Хорз куы цӕттӕ кӕнӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн хъусын кӕнгӕйӕ тынгдӕр цин кӕнынӕн, ӕмӕ куыд у нӕ бон цӕттӕ кӕнын?
4 Хорз цӕттӕ кӕнӕм. Кӕд нӕ ӕцӕгдӕр фӕнды, цӕмӕй хъусын кӕнгӕйӕ нӕ зӕрдӕ райа, уӕд нӕ хъӕуы хорз цӕттӕ кӕнын (1 Пет. 3:15). Уымӕн бирӕ рӕстӕг нӕ бахъӕудзӕн. Журналтӕ кӕнӕ ӕндӕр литературӕ дӕтгӕйӕ цы ис зӕгъӕн, уымӕ ӕркӕсынӕн цалдӕр минуты йедтӕмӕ нӕ хъӕуы. Хорз цӕвиттонтӕ ис брошюрӕ «Куыд райдайӕм ӕмӕ куыд адарддӕр кӕнӕм нӕ ныхас Библийыл» (уыр.) кӕнӕ «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» фӕстаг номырты. Иуӕй-иу хъусынгӕнджытӕ, цы дзурдзысты, уый цыбыртӕй гӕххӕтты гӕбазыл афыссынц ӕмӕ сын уый вӕййы стыр ӕххуыс. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ йӕм ӕркӕсынц ӕмӕ сӕ афтӕмӕй сӕ зӕгъинаг нӕ ферох вӕййы. Уый руаджы фӕныфсджындӕр вӕййынц ӕмӕ ӕдӕрсгӕйӕ фӕхъусын кӕнынц.
5. Зӕрдӕрухс куы уӕм, уӕд уый ахъаз куыд уыдзӕн нӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр?
5 Зӕрдӕрухс куы уӕм, уӕд нын уый стыр ахъаз уыдзӕн. Уый фӕрцы, цы хабар хӕссӕм, уымӕ адӕм ӕхсызгондӕрӕй хъусдзысты. Стӕй нын фӕразынӕн дӕр ӕххуыс кӕндзысты (Неем. 8:10; Дзут. 12:2). Иууыл сӕйрагдӕр та нӕ зӕрдӕрухс лӕггадӕй кадджын кӕнӕм Иегъовӕйы. Уӕдӕ, уымӕ гӕсгӕ, «Иегъовӕйӕн зӕрдӕрухсӕй лӕггад кӕнӕм»! (Пс. 100:2, НД [Пс. 99:2]).