Хуымгӕрдӕны зӕрдиагӕй архай
1 Рагзаманты Иегъовӕйы пехуымпартӕ, стӕй Йесо Чырысти йӕхӕдӕг дӕр, дзырдтой ӕмбырд кӕныны хъуыддаджы тыххӕй (Ис. 56:8; Иез. 34:11; Иоан. 10:16). Уыцы хъуыддаг ныр цӕуы ӕххӕстгонд, ӕппӕт дунейыл Паддзахады тыххӕй хорз уацхъуыд хъуыстгонд кӕй цӕуы, уый руаджы (Матф. 24:14). Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны ӕмӕ йын чи нӕ лӕггад кӕны, уыдон кӕрӕдзийӕ кӕй хицӕн кӕнынц, уый ирдӕй зыны (Мал. 3:18). Уый махӕн цӕуыл дзурӕг у?
2 Ис ныл хӕс. Нӕ бон у Павелау чырыстон лӕггаддзинады зӕрдиагӕй архайын. Уый ӕмбӕрста, кӕй йӕ хъуыд хъусын кӕнын, цӕмӕй адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр уыдаид фадат хорз уацхъуыд фехъусынӕн ӕмӕ фервӕзынӕн. Уый йӕ разӕнгард кодта ӕппӕт тыхтӕй архайынмӕ (Ром. 1:14—17). Уӕдӕ абон ӕгас зӕххыл дӕр адӕм тӕссаг уавӕры кӕй сты, уый нӕ хъуамӕ ноджы тынгдӕр ма разӕнгард кӕна, нӕ участокты цы адӕм цӕры, уыдонӕн хъусын кӕнынмӕ? (1 Кор. 9:16).
3 Ныр хъуамӕ ӕвӕстиатӕй архайӕм. Хъусын кӕныны хъуыддаг абарӕн ис, тӕссаг уавӕры чи ис кӕнӕ чи фесӕфт, уыцы адӕмы агурыны ӕмӕ ирвӕзын кӕныны куыстимӕ. Цалынмӕ ма рӕстӕг ис, уӕдмӕ адӕмы хъӕуы ссарын ӕмӕ сӕ ӕдас бынатмӕ бакӕнын. Рӕстӕг цыбыр у. Адӕм сты тӕссаг уавӕры! Уӕдӕ диссаг нӕу, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты кӕй разӕнгард кодта «лӕгъстӕ кӕнынмӕ хуымы Хицауӕн, цӕмӕй рарвита кусджытӕ Йӕ хуыммӕ» (Матф. 9:38).
4 Ныртӕккӕ фӕстиатгӕнӕн кӕй нӕй, уый ӕмбаргӕйӕ Паддзахады хъусынгӕнджытӕй бирӕтӕ райдыдтой ирвӕзынгӕнӕн хъуыддаджы фылдӕр хайад исын. Ӕрыгон лӕппу Хирохисӕ цард йӕ мад ӕмӕ йӕ кӕстӕр цыппар ӕфсымӕр ӕмӕ хоимӕ. Уый-иу райсомӕй ӕртӕ сахатыл сыстад, цӕмӕй-иу газеттӕ байуӕрстаид, ӕмӕ афтӕмӕй йӕ бинонтӕн ӕххуыс кодта. Фӕлӕ Хирохисӕйы фӕндыд лӕггаддзинадӕн фылдӕр рӕстӕг хицӕн кӕнын, ӕмӕ райдыдта иумӕйаг пионерӕй лӕггад кӕнын. Чи никуыуал уыдзӕн, уыцы диссаджы хъуыддаджы дӕуӕн дӕр дӕ бон у зӕрдиагдӕрӕй архайын?
5 «Рӕстӕг ныр цыбыр у» (1 Кор. 7:29). Уымӕ гӕсгӕ нӕ алчидӕр, йӕ бон цас у, уыйбӕрц архайӕд, ныртӕккӕ зӕххыл цы ахсджиагдӕр хъуыддаг цӕуы ӕххӕстгонд, уым: Паддзахады тыххӕй хорз уацхъуыд хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын. Йесо ацы куыст абарста хуымгӕрдӕнимӕ (Матф. 9:35—38). Хуымгӕрдӕны зӕрдиагӕй куы архайӕм, уӕд, чи зоны, иуӕй-иутӕ ӕрбаиу уой, Раргомады 7:9, 10-ӕм стихты цы тынг бирӕ лӕггадгӕнджыты кой цӕуы, уыдонмӕ.