Улӕфтӕн хъуамӕ уа йӕхи рӕстӕг
1 Ацы уӕззау рӕстӕджыты нӕ алкӕйдӕр рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ фӕхъӕуы йӕ фӕллад суадзын. Адӕймаг куыд ӕмбӕлы, афтӕ куы улӕфа, уӕд уый хорз у. Фӕлӕ адӕймаг улӕфтыл ӕмӕ хиирхӕфсӕнтыл ӕгӕр бирӕ рӕстӕг куы сафа кӕнӕ ӕгӕр бирӕ рӕстӕг йе ’мбӕлттимӕ куы ӕрвита, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ йын йӕ чырыстон хъуыддӕгтӕн къаддӕр рӕстӕг зайа. Улӕфтӕн хъуамӕ уа йӕхи рӕстӕг (Матф. 5:3). Уый куыд ис саразӕн? Ефесӕгтӕм 5:15—17-ӕм стихты фыст уынаффӕмӕ байхъусгӕйӕ.
2 Алцӕмӕндӕр рӕстӕг хицӕн кӕн. Павел фыста, зӕгъгӕ, чырыстӕттӕ хъуамӕ «кӕсой», сӕ рӕстӕгӕй цас раст пайда кӕнынц, уымӕ. Цӕмӕй улӕфтыл ӕгӕр бирӕ рӕстӕг ма сафӕм, уый тыххӕй хъуамӕ хиуыл хӕцын зонӕм. Хорз уаид лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын, рӕстӕг нын куы вӕййы, уӕд цы фӕаразӕм, ууыл. Улӕфт ӕмӕ хиирхӕфсӕнты фӕстӕ хъуамӕ ма хъуыды кӕнӕм, нӕ рӕстӕг дзӕгъӕлы кӕй фесӕфтам ӕмӕ фӕллад хъуамӕ ма уӕм. Улӕфты фӕстӕ дӕр ма ныфссаст куы уӕм, цӕмӕйдӕр разы куы нӕ уӕм ӕмӕ ма нӕхи дӕр цӕйдӕр тыххӕй куы ӕфхӕрӕм, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, кӕй нӕ хъӕуы ӕркӕсын, нӕ рӕстӕгӕй куыд пайда кӕнӕм, уымӕ.
3 Архай ӕмбаргӕйӕ. Павел радта уынаффӕ, зӕгъгӕ, ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕн «ӕмбӕлон рӕстӕг ӕлхӕнут» (НД) ӕмӕ ӕнӕмбаргӕтӕ ма ут. Нывонддзырд чи радта, уыцы чырыстӕттӕ хъуамӕ бацархайой, цӕмӕй сын улӕфт сӕ царды фыццаг бынат ма ахса. Адӕймаг йӕ фӕллад куы суадзы, уӕд ӕм кӕд тых фӕзыны, уӕддӕр ын йӕ уырнындзинад фидар кӕны Хуыцауы архайгӕ тых (Ис. 40:29—31). Йӕ сыгъдӕг уд нын ӕххуыс кӕны хиирхӕфсӕнты уылты нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хъуыддӕгты куы фӕархайӕм, ома, Библи куы фӕахуыр кӕнӕм, ӕмбырды фембӕлдтӕм куы фӕцӕуӕм, уацамынды хайад куы фӕисӕм, уӕд.
4 Ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕ фыццаг бынаты ӕвӕр. Павел чырыстӕтты фӕдзӕхста, цӕмӕй-иу «Хуыцауы фӕндон цы у, уый базыдтаиккой» (НФ). Йесо дзырдта, зӕгъгӕ, нӕ царды фыццаг бынаты хъуамӕ ӕвӕрӕм Хуыцауы Паддзахад (Матф. 6:33, НФ). Фыццаджыдӕр хъуамӕ кӕнӕм, Иегъовӕйӕн цы нывонддзырд радтам, уымӕ гӕсгӕ цӕрынӕн нын цы хъуыддӕгтӕ ӕххуыс кӕндзысты, уыдон. Ӕмӕ уӕд улӕфтӕн дӕр уыдзӕн йӕхи рӕстӕг. Афтӕ куы уа, уӕд нын уый уыдзӕн пайда ӕмӕ дзы фылдӕр циндзинад исдзыстӕм (Екк. 5:11).