Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 9/05 1 ф.
  • Дӕ рӕстӕгӕй раст пайда кӕн

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Дӕ рӕстӕгӕй раст пайда кӕн
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Улӕфтӕн хъуамӕ уа йӕхи рӕстӕг
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2001
  • Дӕ ирхӕфсӕнтӕ дын пайда хӕссынц?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Фыццаг бынаты цы ӕвӕрыс?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2006
  • «Адонӕй мӕ фылдӕр уарзыс?»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
km 9/05 1 ф.

Дӕ рӕстӕгӕй раст пайда кӕн

1 Мах фӕнды Иегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ дин, нӕ лӕггадимӕ баст хъуыддӕгтӕ нӕ царды ахсынц сӕйраг бынат. Йӕ Ныхас Библи нын амоны, цӕмӕй фьщцаджыдӕр агурӕм Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ, «ахсджиагдӕр цы хъуыддӕгтӕ сты, уый бӕлвырд кӕнӕм» (Матф. 6:33; Фил. 1:10, НД). Нӕ бон куыд у Хуыцауы Паддзахады хъуыддӕгтӕн рӕстӕг «ӕлхӕнын» ӕмӕ афтӕ ахсджиаг цы хъуыддӕгтӕ не сты, уыдон та дыккаг бынаты ӕвӕрын? (Еф. 5:15–17, НД).

2 Фыццаг бынаты ӕвӕр Хуыцауы Паддзахады хъуыддӕгтӕ. Дӕ рӕстӕг афтӕ пълан кӕн, цӕмӕй дын ӕнӕпайда хъуыддӕгтыл ма цӕуа. Иуӕй-иутӕ мӕйы райдиан сӕ къӕлиндары фӕнысан кӕнынц, хъусын кӕнынмӕ кӕд цӕудзысты, уыцы рӕстӕг. Уый фӕстӕ архайынц, цӕмӕй сын ӕндӕр хъуыддӕгтӕ уыцы пълӕнттӕ ма фехалой. Афтӕ спълан кӕнӕн ма ис рӕстӕг Библи иртасынӕн, ӕмбырдтӕн ӕмӕ конгресстӕм цӕуынӕн. Бирӕтӕ алы бонӕн дӕр скӕнынц фӕтк. Арӕх сын райдайы кӕнӕ фӕвӕййы Библи кӕсынӕй. Уӕдӕ афтӕ, ахсджиаг хъуыддӕгтӕй алкӕцыйӕн дӕр бӕлвырд рӕстӕг снысан кӕн ӕмӕ архай, ӕндӕр хъуыддӕгтӕ-иу дӕ куыд нӕ бахъыгдарой (Еккл. 3:1; 1 Кор. 14:40).

3 Ацы дунейы цы ис, уыдӕттыл бирӕ рӕстӕг ма хардз кӕн. Иуӕй-иу бӕстӕты адӕмӕн бирӕ фадӕттӕ ис спорт, хъазтизӕртӕ, ирхӕфсӕнтӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгтыл сӕ рӕстӕг ӕрвитынӕн. Бирӕтӕ бон-изӕрмӕ фӕбадынц телевизор кӕнӕ компьютеры раз. Фӕлӕ адӕймаг ацы дунейы ирхӕфсӕнтыл ӕмӕ дзы ногӕй цы фӕзыны, ӕрмӕст уыдӕттыл куы уа, уӕд ӕнӕмӕнг фӕфыдӕнхъӕл уыдзӕн (1 Иоан. 2:15–17). Уӕдӕ нӕ Библи фӕдзӕхсы, цӕмӕй ацы дунейы цы ис, ууыл бирӕ рӕстӕг ма хардз кӕнӕм (1 Кор. 7:31). Ацы зондджын уынаффӕмӕ куы хъусай, уӕд Иегъовӕ уындзӕн, царды дын сӕйрагдӕр кӕй у уымӕн лӕггад кӕнын (Матф. 6:19–21).

4 Ацы цардӕвӕрд цӕуы йӕ кӕронмӕ. Ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады хъуыддӕгтӕ сӕйрагдӕр кӕмӕн сты, уыдон уыдзысты амондджын ӕмӕ Иегъовӕйы хорзӕх ссардзысты (Ӕмб. 8:32–35; Иак. 1:25). Цӕй уӕдӕ нӕ зынаргъ рӕстӕгӕй раст пайда кӕнӕм.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын