Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 10/06 1 ф.
  • Фыццаг бынаты цы ӕвӕрыс?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Фыццаг бынаты цы ӕвӕрыс?
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2006
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • «Адонӕй мӕ фылдӕр уарзыс?»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
  • Дӕ ирхӕфсӕнтӕ дын пайда хӕссынц?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Йегъовӕйӕ дӕ мацы адард кӕнӕд
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Дӕ рӕстӕгӕй раст пайда кӕн
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2006
km 10/06 1 ф.

Фыццаг бынаты цы ӕвӕрыс?

1 Ацы фарстӕн цавӕр дзуапп ратдзынӕ? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, махӕй алкӕй дӕр фӕнды фыццаг бынаты ӕвӕрын Хуыцауы Паддзахад (Матф. 6:33). Фӕлӕ хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм: «Мӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг у, афтӕ кӕй кӕнын?». Библи нӕ разӕнгард кӕны: «Уӕ зӕрдӕтӕм-иу ныккӕсут» (2 Кор. 13:5, НД). Уӕдӕ Хуыцауы Паддзахад фыццаг бынаты ӕвӕрӕм ӕви нӕ, уый сбӕлвырд кӕнынӕн нӕ бон нӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсын куыд у?

2 Нӕ рӕстӕг. Фыццаг уал ӕркӕсӕм, нӕ рӕстӕг цӕуыл ацӕуы, уымӕ (Еф. 5:15, 16). Цымӕ нын алы къуыри дӕр цас рӕстӕг ацӕуы ныхӕстӕ кӕныныл, телевизормӕ кӕсыныл, Интернетыл йе та хиирхӕфсӕнтыл? Уыцы хъуыддӕгтыл нын цас рӕстӕг ацӕуы, уый куы ныффыссӕм ӕмӕ йӕ, Хуыцауы хъуыддӕгтыл цас рӕстӕг хардз кӕнӕм, уыимӕ куы абарӕм, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, бадис кӕндзыстӕм. Цӕмӕй хъӕздыг цард кӕнӕм, уый тыххӕй ӕгӕр бирӕ нӕ кусӕм, ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы хъуыддӕгтӕ рохуаты нӕ уадзӕм? Сабат ӕмӕ хуыцаубоны нӕхи аирхӕфсыны тыххӕй фембӕлдтӕй ӕмӕ уацамындӕй нӕхи куыд арӕх фӕцух кӕнӕм?

3 Сӕйрагдӕр нын цы у. Нӕ фылдӕрӕн фаг рӕстӕг нӕй, цы нӕ фӕнды, ӕппӕт уыдӕттӕ аразынӕн. Уӕдӕ цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады хъуыддӕгтӕ фыццаг бынаты ӕвӕрӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ӕркӕсӕм, сӕйрагдӕр нын цы у, уымӕ, ӕмӕ алцыдӕр афтӕ спълан кӕнӕм, «ахсджиагдӕр цы у», уыдӕттӕн нын рӕстӕг куыд фаг кӕна (Фил. 1:10, НД). Уыдон сты Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнын, хъусын кӕнын, бинонтыл тыхсын ӕмӕ чырыстон фембӕлдтӕм цӕуын (Пс. 1:1, 2; Ром. 10:13, 14; 1 Тим. 5:8; Дзут. 10:24, 25). Ӕндӕр хъуыддӕгтӕ, зӕгъӕм, уӕнгтӕ айтынг кӕнын ӕмӕ улӕфын хорз сты (Маркы 6:31; 1 Тим. 4:8). Фӕлӕ уыдон афтӕ ахсджиаг не сты ӕмӕ сын хъуамӕ уа сӕхи бынат.

4 Иу ӕрыгон ӕфсымӕр Хуыцауы Паддзахады хъуыддӕгтӕ фыццаг бынаты ӕвӕрдта. Уый бӕрӕг уыд, уӕлдӕр ахуыр райсынмӕ кӕй нӕ тырныдта, фӕлӕ кӕй райдыдта пионерӕй лӕггад кӕнын. Уыцы ӕфсымӕр ӕндӕр ӕвзаг сахуыр кодта ӕмӕ, хъусынгӕнджытӕ фылдӕр кӕм хъуыд, ахӕм ранмӕ ацыд. Уый загъта: «Мӕ цардӕй мӕ зӕрдӕ райы. Адӕмимӕ ныхас кӕнын мын стыр циндзинад хӕссы! Мӕн тынг фӕнды, цӕмӕй ӕрыгӕттӕй алчи дӕр афтӕ бакӕна, ӕмӕ ӕз цы ӕнкъарын, уый банкъара. Иегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнынӕй хуыздӕр ницы ис». О, Хуыцауы Паддзахад фыццаг бынаты куы ӕвӕрӕм, уӕд стыр арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзыстӕм. Фӕлӕ уымӕй ахсджиагдӕр та у, нӕ уӕларвон Фыд Иегъовӕйы зӕрдӕ нӕ кӕй райдзӕн (Дзут. 6:10).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын