Цы ис зӕгъӕн журналты тыххӕй
«Хъахъхъӕнӕг мӕсыг», 1 нояб.
«Цы хъӕуы хуыздӕр, амондджындӕр дуне саразынӕн? [Бауадз ӕй дзуапп радтын.] Цард фӕхуыздӕр кӕнынӕн адӕм бафӕлвӕрдтой хицаудзинады алы хуызтӕ дӕр. Фӕлӕ ма ӕркӕс, Хуыцау уый тыххӕй цы хъуыды кӕны, уымӕ. [Бакӕс Иереми 10:23.] Ацы статья дзуры, «Амондджын дуне куыд ис саразӕн», ууыл, ӕмӕ ӕвдисы, уымӕн тагъд гӕнӕн куыд уыдзӕн, уый».
«Райхъал ут!», 22 окт. (уыр.)
«Разы нӕ дӕ, адӕмӕн абоны хуызӕн зын цӕрӕн кӕй никуы уыди? [Бауадз ӕй дзуапп радтын.] Библийы уый рагзагъд уыд. [Бакӕс 2 Тимофеймӕ 3:1.] Адӕмӕй бирӕтӕ уыйбӕрц зындзинӕдтӕ бавзарынц, ӕмӕ сӕ ныфс бынтондӕр асӕтты. Ацы журналы ис ӕцӕг зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ. Уым дзырдӕуы, цы ис саразӕн, цӕмӕй адӕймаджы ныфс бацӕуа ӕмӕ йын цард циндзинад хӕсса».
«Хъахъхъӕнӕг мӕсыг», 1 нояб. (уыр.)
Ӕрхӕсс исты ӕвирхъау хабар, стӕй бафӕрс: «Адӕм ахӕм ӕбуалгъ митӕ цӕмӕн кӕнынц? Хъуамӕ нӕ алчидӕр ӕмбара, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый, фӕлӕ адӕм уӕддӕр сӕ фыдмитӕ нӕ уадзынц. Цӕуылнӕ? [Дзуапп куы радта, уӕд бакӕс Раргомады 12:9.] Ацы журнал ӕмбарын кӕны, нӕ намыс хъахъхъӕнгӕйӕ нӕхи дӕр куыд бахъахъхъӕндзыстӕм, уый».
«Райхъал ут!», 8 нояб. (уыр.)
«Ӕвӕццӕгӕн, сразы уыдзынӕ, фыдрӕстӕг кӕй скодта, ууыл. [Дзуапп куы радта, уӕд бакӕс 2 Тимофеймӕ 3:3.] Арӕх адӕймаг карз ӕфхӕрд баййафы суанг йӕ бинонты ’хсӕн дӕр. Ацы статьяйы, «Ӕххуыс ӕфхӕрд сылгоймӕгтӕн», зӕгъгӕ, ис ныфсы хабар. Чи зоны, искӕй зоныс, ацы журналы фӕрцы баххуыс кӕнӕн кӕмӕн ис».