Журналтӕ дӕтгӕйӕ цы ис зӕгъӕн
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 15 окт. (уыр.)
«Куыд бамбарын кӕндзынӕ сывӕллонӕн кӕнӕ та ӕндӕр искӕмӕн, абон уыйбӕрц фыддзинад цӕмӕн ис, уый? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Библийы ис дзуапп, фыддзинады аххосджын чи у, уыцы фарстӕн. [Бакӕс 1 Иоанны 5:19.] Ацы „Хъахъхъӕнӕн мӕсыг“-ӕй базондзынӕ, уыцы фыдгӕнӕг чи у ӕмӕ нӕ бон куыд у йӕ ныхмӕ фӕлӕууын».
«Райхъал ут!», 22 окт. (уыр.)
«Куыд хъуыды кӕныс, дины разамонджыты кӕнӕ ӕндӕр искӕй куывтытӕ дунемӕ сабырдзинад ӕрхӕсдзысты? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Библи нын зӕрдӕ ӕвӕры, ӕппӕт дунейыл дӕр сабыр рӕстӕг кӕй уыдзӕн, уымӕй. [Бакӕс Исай 9:6, 7.] Бафиппайдтай, иннӕ хицӕутты хуызӕн чи нӕу, ахӕм хицау дунейыл сабырдзинад кӕй ӕрӕвӕрдзӕн? Ацы „Райхъал ут!“-ы дзырдӕуы уыцы хицауы ӕмӕ ӕцӕг сабырдзинад куыд ӕрхӕсдзӕн, уый тыххӕй».
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1 нояб.
«Махӕй бирӕты фӕнды адӕмимӕ хорз цӕрын. Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, сразы уыдзынӕ, йӕ зӕгъын куыд ӕнцон у, йӕ саразын афтӕ ӕнцон кӕй нӕу. [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Библи ӕмбарын кӕны, уый афтӕ цӕмӕн у. [Бакӕс Иаковы 3:2.] Ацы статья ӕвдисы, хатыр курын куыд ӕххуыс кӕны бафидауынӕн ӕмӕ фарн бахъахъхъӕнынӕн».
«Райхъал ут!, 8 нояб. (уыр.)
«Библийы пехуымпарады дзырдӕуы, зӕгъгӕ, ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ иу адӕймаг дӕр нал зӕгъдзӕн, ӕз рынчын дӕн. [Бакӕс Исай 33:24.] Уымӕй хуыздӕр ма исты ис? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Хъыгагӕн, абон адӕмы бирӕ низтӕ удхарӕй марынц, уыимӕ СПИД дӕр. Ацы „Райхъал ут!“ дзуапп дӕтты фарстӕн „Искуы СПИД нал уыдзӕн?“».