Журналтӕ дӕтгӕйӕ цы ис зӕгъӕн
«Хъахъхъӕнӕг мӕсыг», 15 нояб. (уыр.)
«Мах иууылдӕр фехъуыстам ахӕм ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, „Йесо мах тыххӕй амарди“. [Бакӕс Иоанны 3:16.] Искуы ахъуыды кодтай, иу адӕймаджы мӕлӕт не ’ппӕты дӕр куыд фервӕзын кӕндзӕн? [Бауадз ӕй дзуапп радтын.] Библи дӕтты ацы фарстӕн хуымӕтӕг дзуапп мӕнӕ ацы статьяйы „Христос — наш спаситель. Что это значит?“».
«Райхъал ут!», 22 нояб. (уыр.)
«Куыд дӕм кӕсы, адӕм алцыдӕр арзынц, цӕмӕй ӕрдз бахъахъхъӕной? [Бауадз ӕй дзуапп радтын.] Бирӕтӕ фӕхъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, зӕххыл цы цӕрӕгойтӕ ӕмӕ зайӕгойтӕ ис, уыдон нӕ бон бауыдзӕн бахъахъхъӕнын. Куыд ӕхсызгон нын у, Хуыцауӕн ацы хъуыддаг уӕлдай кӕй нӕу. [Бакӕс Нееми 9:6.] Журнал „Райхъал ут!“-ы дзырдӕуы, зӕхмӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй».
«Хъахъхъӕнӕг мӕсыг», 1 дек.
«Ацафон адӕм кӕнынц лӕвӕрттӕ кӕнӕ та ӕндӕр хорз хъуыддӕгтӕ. Уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны сыгъзӕрин уагӕвӕрд. [Бакӕс Матфейы 7:12.] Куыд хъуыды кӕныс, ацы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ ӕнӕхъӕн афӕдзы дӕргъы цӕрӕн ис? [Бауадз ӕй дзуапп радтын.] Ацы журнал фылдӕр дзуры, сыгъзӕрин уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ абон цӕрӕн ис ӕви нӕ».
«Райхъал ут!», 8 дек. (уыр.)
«Библи нын зӕрдӕ ӕвӕры, тагъд рӕстӕджы иу адӕймаг дӕр кӕй нал зӕгъдзӕн, „рынчын дӕн“, зӕгъгӕ. [Бакӕс Исай 33:24.] Ацы зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ, „Райхъал ут!“-ы ацы номыры дзырдӕуы, милуангай адӕмы, куыд ӕрыгӕтты, афтӕ зӕрӕдты дӕр низ кӕй хъыгдары. Йӕ сӕргонд у „Надежда для страдающих артритом“. Мӕнмӕ гӕсгӕ, ацы статьяйы ссардзынӕ хъӕугӕ ӕрмӕг».