Журналтӕ дӕтгӕйӕ цы ис зӕгъӕн
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 15 нояб. (уыр.)
«Кӕддӕр бирӕтӕ ӕууӕндыдысты, иу бон зӕхх дзӕнӕт кӕй суыдзӕн. Абон та иуӕй-иутӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, зӕхх ма фесӕфа, уый гӕнӕн нӕй. Куыд хъуыды кӕныс, цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы зӕхмӕ? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Дӕ хъус ма ӕрдар, Библи уый тыххӕй цы дзуры, уымӕ. [Бакӕс Псалом 36:11.] Ацы журналы фылдӕр дзырдӕуы Библийы зӕрдӕвӕрдыл зӕххы фидӕны тыххӕй».
«Райхъал ут!», 22 нояб. (уыр.)
«Иуӕй-иутӕ тӕрсынц, зӕгъгӕ, ӕрдз афтӕ фесӕфтой, ӕмӕ йын саразӕн ницыуал ис. Куыд хъуыды кӕныс, уавӕр бынтон къухауигъинаг у? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Сфӕлдисӕджы нӕ фӕндыд, цӕмӕй зӕхх суыдаид бырондоны хуызӕн, цӕрынӕн чи нӕ бӕззы, ахӕм бынат. [Бакӕс Исай 45:18.] Ацы журнал ӕмбарын кӕны, зӕхх цӕй фӕрцы нӕ фесӕфдзӕн».
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1 дек.
«Абон бирӕты Хуыцау нал уырны. Йӕ аххосӕгтӕй иу у, цы фарстытӕ сӕ тыхсын кӕнынц, уыдонӕн бӕлвырд дзуапп кӕй не ссардтой. Зӕгъӕм, мӕнӕ ахӕм фарстытӕ. [Ӕрхӕсс цӕвиттон фӕлгӕтӕй.] Ацы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмбарын кӕны иу сӕйраг хъуыды, куыд ис Хуыцауыл ӕцӕгӕй баууӕндӕн, уый фӕдыл». [Бакӕс Филиппӕгтӕм 1:9.]
«Райхъал ут!, 8 дек. (уыр.)
«Куыд хъуыды кӕныс, адӕм искуы, мӕнӕ ам куыд дзырдӕуы, афтӕ цӕрдзысты? [Бакӕс Исай 14:7. Уый фӕстӕ йӕ бауадз йӕ хъуыды зӕгъын.] Ацы журналы ис, цалынмӕ Хуыцауы зӕрдӕвӕрдты сӕххӕстмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уӕдмӕ нын ахъаз чи фӕуыдзӕн, ахӕм ахадгӕ ӕрмӕг. Равдис ын статья „Куыд ис буары фӕндӕттимӕ тох кӕнӕн?“».