Киноныв «Ной – уый цыд Хуыцауимӕ» алкӕмӕн дӕр фӕахъаз уыдзӕн Зӕронд чи нӕ кӕны, ахӕм хабар
Бакӕс Уӕвынад 6:1–9:19. Уый фӕстӕ Нойы тыххӕй кинонывмӕ бакӕс ӕмӕ ахъуыды кӕн, цавӕр дзуапп раттис ацы фарстытӕн: 1) Нойы бонты дуне цыхуызӕн уыди, ӕмӕ йӕ ахӕм уавӕрмӕ цы ’ркодта? 2) Ной ахӕмӕй цы арӕзта, иууылдӕр сӕ хъус цӕмӕ ӕрдардтой; Хуыцау ын цы бабар кодта ӕмӕ цӕмӕн? 3) Ковчег кӕм сарӕзта, цас ӕй арӕзта ӕмӕ цӕйас уыд? 4) Ковчегӕй уӕлдай ма Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ цы арӕзтой? 5) Цы хъуыды кӕныс, ковчегы дуар куы сӕхгӕди, уӕд мидӕгӕй сӕхи куыд хатыдаиккой? 6) Доны хъаймӕты фӕстӕ ды та цы хатыдаис? 7) Доны хъаймӕт кӕй уыди, уый нын нӕ зӕрдыл хаттӕй-хатт цы ӕрлӕууын кӕны ӕмӕ уый цы нысан кӕны? 8) Нойы хабарӕй дӕхи, дӕ бинонты ӕмӕ нын Хуыцау цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый тыххӕй цӕуыл ахуыр кӕныс? 9) Дзӕнӕты Ной ӕмӕ йӕ бинонтыл куы фембӕлай, уӕд сӕ цӕмӕй бафӕрсис? 10) Куыд пайда кӕндзынӕ Нойы тыххӕй кинонывӕй?