«Лӕвӕрттӕ адӕймӕгты хуызы» зӕрдиагӕй кӕсынц Хуыцауы дзугмӕ
1 Цӕй стыр уарзондзинад равдыста Иегъовӕ, йӕ Фырты уылты нын кӕй радта, «лӕвӕрттӕ адӕймӕгты хуызы»! (Еф. 4:8 НД, 11, 12). Уыдонӕн ис бирӕ хӕслӕвӕрдтӕ, уыимӕ ма Хуыцауы дзугмӕ арӕхстджынӕй ӕмӕ зӕрдиагӕй кӕсынц (1 Пет. 5:2, 3, НФ). Уый махӕй алкӕмӕндӕр ахъаз у. Уыцы нӕлгоймӕгтӕ зӕрдӕбынӕй ӕххуыс кӕнынц зындзинӕдтӕ чи ӕвзары кӕнӕ ӕмбырдмӕ ӕрӕджы чи ӕрбацыд, йе ’взӕр миниуджытимӕ чи тох кӕны ӕмӕ раст фӕндагӕй чи фӕиппӕрд, уыдонӕн (Фил. 2:4; 1 Фес. 5:12—14).
2 Дунейы ӕвзӕр цаутӕ нӕ мӕты куы ӕфтауой, уӕд нын ацы фыййӕуттӕ уыдзысты «дымгӕйӕ ӕмбӕхсӕн агъуысты ӕмӕ тӕрккъӕвдайӕ бааууонгӕнӕн бынаты хуызӕн». Фӕллад куы уӕм, истӕуыл куы тыхсӕм ӕмӕ нӕ ӕххуыс куы хъӕуа, уӕд та нын уыдзысты «хурсыгъд бӕстӕйы цӕугӕдонау ӕмӕ хус бӕстӕйы егъау къӕдзӕхы аууонау» (Ис. 32:2).
3 Рагӕй чи нӕ хъусын кӕны, уыдонӕн ӕххуыс кӕнынц. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ архайынц, цӕмӕй алы мӕй дӕр уацамынды хыгъд чи нӕ дӕтты кӕнӕ рагӕй чи нӕ хъусын кӕны, уыдонӕн баххуыс кӕной ногӕй ӕмбырды хъуыддӕгты архайынӕн. Ӕфсымӕртӕ сӕ кӕй бабӕрӕг кӕнынц, уый фӕрцы сӕ бирӕтӕ ӕмбырды фембӕлдтӕ нал фӕцух кӕнынц ӕмӕ сӕ уырнындзинад афтӕ фӕфидар вӕййы, ӕмӕ та ногӕй хъусын кӕнын райдайынц. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ афтӕ кӕй архайынц, уымӕй бӕрӕг кӕны Иегъовӕйы уарзондзинад ӕмӕ Йесо Чырыстийы ӕнтыстджын разамынд. Йесо йӕхӕдӕг равдыста цӕвиттон, йӕ фыстӕй исчи куы фӕдзӕгъӕл уа кӕнӕ куы фесӕфа, уӕд ӕм цавӕр ахаст хъӕуы дарын (Матф. 18:12—14; Иоан. 10:16, 27—29).
4 Фыййӕуттӕ сӕ хъус лӕмбынӕг дарынц ӕмӕ базонынц, йӕ уырнындзинад кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ вӕййы, уый. Исчи ӕрхӕндӕг куы уа, ӕмбырды фембӕлдтӕ куы цух кӕна кӕнӕ та къаддӕр куы хъусын кӕна, уӕд ахӕм адӕймаджы хъӕуы бафидар кӕнын. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕнынц, йӕ уӕлӕдарӕс ӕмӕ йӕ ӕддаг бакастӕй дунейы зондахаст чи райдайы фӕзмын кӕнӕ ӕмбырдӕй хъаст кӕнын чи райдайы, уыдонӕн. Ӕнувыд, фӕлмӕнзӕрдӕ цӕстдарджытӕ «дӕттынц... сӕ удтӕ» дӕр, цӕмӕй ахӕм хъусынгӕнджытӕн баххуыс кӕной Иегъовӕйы фӕстӕмӕ бауарзынӕн (1 Фес. 2:8).
5 Иуӕй-иу нывонддзырдрадтӕг чырыстӕттӕ ӕмбырдӕй фӕиппӕрд вӕййынц, Хуыцауы хъуыддӕгты кӕй нал фӕархайынц, се ’нӕниздзинад сӕ кӕй фӕхъыгдары, экономикон зындзинӕдтыл кӕй сӕмбӕлынц кӕнӕ та сӕ бинонтӕ сӕ ныхмӕ кӕй фӕцӕуынц, уый тыххӕй. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ ӕфхӕргӕ нӕ фӕкӕнынц, фӕлӕ сын сабырӕй бамбарын кӕнынц, Иегъовӕ йӕ фыстӕй алкӕуылдӕр кӕй тыхсы ӕмӕ сын кӕй баххуыс кӕндзӕн алы уӕззау уавӕры дӕр (Пс. 54:23; 1 Пет. 5:7). Ӕрхъуыдыджын фыййӕуттӕ фыстӕн бамбарын кӕнынц, куы «ӕрбаввахс уой Хуыцаумӕ», уӕд сӕм уый дӕр кӕй «ӕрбаввахс уыдзӕн» ӕмӕ сӕ кӕй бафидар кӕндзӕн (Иак. 4:8, НФ; Пс. 22:3, 4).
6 Рынчынтӕн ӕмӕ зӕрӕдтӕн ӕххуыс кӕнынц. Ацы уарзӕгой фыййӕуттӕ ма тыхсынц, адӕм арӕх кӕй не ’рхъуыды кӕнынц, ахӕмтыл дӕр. Ӕвӕццӕгӕн, алы ӕмбырды дӕр ис, зӕрӕдты хӕдзӕртты чи цӕры кӕнӕ та рынчын чи у, ахӕм адӕм. Сӕ уавӕртӕм гӕсгӕ сӕ бон нӕу бирӕ рӕстӕг хицӕн кӕнын Паддзахады хабар хъусын кӕнынӕн. Чи зоны, уыдон ӕрмӕстдӕр хъусын кӕнынц, рынчынфӕрсӕг сӕм чи бацӕуы, сӕ цуры чи цӕры кӕнӕ сӕм чи кӕсы, уыдонӕн. Фӕлӕ сӕ куыст тынг ахады ӕппӕтдунеон хъусын кӕныны хъуыддаджы (Матф. 25:15).
7 «Лӕвӕрттӕ адӕймӕгты хуызы» сӕ хъус дарынц се ’фсымӕрты монон домӕнтӕм уӕлдайдӕр ныр, Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕджы. Цӕй хорз фадат у хистӕр нӕлгоймӕгтӕн, чи «фӕдзӕгъӕл», уыдонӕн ӕппӕт тыхтӕй баххуыс кӕнынӕн, ӕмбырдимӕ ӕнгом ахастытӕ цы циндзинад ӕмӕ удӕнцой дӕттынц, уый фӕстӕмӕ банкъарынӕн! Куыд ӕхсызгон нын вӕййы, ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ, «уырнындзинады иу кӕимӕ стӕм», уыдон ӕмбырды фембӕлдтӕм куы ӕрбацӕуынц ӕмӕ хорз хабар куы фӕхъусын кӕнынц. Афтӕмӕй уыдон ногӕй равдисынц, ӕлхӕнӕг нывондыл кӕй ӕууӕндынц, уый (Гал. 6:10; Лук. 15:4—7; Иоан. 10:11, 14).