Хорз хабар адӕмы ирвӕзын кӕны!
1 Абон дунейы уый у ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддаг. Уымӕ сӕ хъус дарынц Иегъовӕ Хуыцау, Йесо Чырысти ӕмӕ зӕдтӕ. Цы у ӕмӕ афтӕ ӕнӕмӕнгхъӕугӕ цӕмӕн у? Уый у Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаг, ӕмӕ ӕххуыс кӕны адӕмы ирвӕзын кӕнынӕн! (Ром. 1:16; 10:13, 14).
2 Иуӕй-иутӕ, чи зоны, хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, адӕмӕн нӕ бон хуыздӕр лӕггад кӕнын уыдзӕн, сӕ цард фӕхуыздӕр кӕнынӕн сын куы ӕххуыс кӕнӕм, уӕд. Бирӕтӕ архайынц, цӕмӕй сабырдзинад уа, дзӕбӕх кӕнынц низтӕ ӕмӕ тыхсынц экономикӕйыл. Фӕлӕ адӕмӕн тынгдӕр цы баххуыс кӕндзӕн?
3 Ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддаг. Ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахады хорз хабар ӕмбарын кӕны, цы у царды нысан, адӕм цӕмӕн хъизӕмар кӕнынц, стӕй ма фидӕны тыххӕй ӕрмӕстдӕр уый дӕтты фидар ныфс. Хорз хабар ӕххуыс кӕны адӕмӕн, цӕмӕй суой Иегъовӕйы хӕлӕрттӕ ӕмӕ хайджын уой «Хуыцауы фарнӕй, алы зондӕй уӕлахиздӕр чи у», уымӕй (Фил. 4:7, НФ). Ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахады хабар дӕтты адӕмӕн разамынд, абон цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уыдон скъуыддзаг кӕнынӕн ӕмӕ ӕмбарын кӕны, куыд ис удӕгасӕй баззайӕн, тагъд рӕстӕджы ацы фыддуне куынӕггонд куы цӕуа, уӕд (1 Иоан. 2:17). Уӕдӕ Хуыцауы Паддзахады хабар зӕрдӕбынӕй хъуамӕ ма хъусын кӕнӕм?
4 Цӕвиттон, иу хъӕуы цӕрджытӕ фынӕй кӕнынц, ӕмӕ нӕ зонынц, гыццыл фӕстӕдӕр фыдбылызы кӕй хаудзысты — ратондзӕн ауӕзт. Цымӕ сын куыд ис иууыл хуыздӕр баххуыс кӕнӕн? Ауӕзты дон ӕндӕрырдӕм аздахын? Донивылдӕй тӕссаг цы хъӕуӕн у, уый ма рӕсугъдтӕ кӕнын? Нӕ! Адӕмы хъӕуы райхъал кӕнын, фыдбылызӕй сӕ бафӕдзӕхсын ӕмӕ сын алидзынӕн баххуыс кӕнын! Абон монон ӕгъдауӕй чи фынӕй кӕны, уыдон сты тынг тӕссаг уавӕры (Лук. 21:34—36). Ацы цардӕвӕрд тагъд рӕстӕджы кӕй фесӕфдзӕн, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ, нӕ бон кӕмӕн у, уыдонӕн хорз хабар хъусын кӕнӕм! (2 Тим. 4:2; 2 Пет. 3:11, 12).
5 Дарддӕр дӕр кӕнӕм уыцы хъуыддаг. Цӕй уӕдӕ ӕппӕт мадзӕлттӕй дӕр пайда кӕнӕм, цӕмӕй, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн фехъусын кӕнӕм хорз хабар сӕ хӕдзӕртты, уынджы, телефонӕй ӕмӕ нын фадат куы фӕзына, уӕд. Иегъовӕ нын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый цыфӕнды хъуыддагӕй дӕр ахсджиагдӕр у. Ӕмӕ йӕ зӕрдиагӕй куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд нӕхи дӕр фервӕзын кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕм чи хъусы, уыдоны дӕр (1 Тим. 4:16).