Журналтӕ дӕтгӕйӕ цы ис зӕгъӕн
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1 июль
«Куыд хъуыды кӕныс, искуы зындзинӕдтӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн? Зӕгъӕм. [Фыццаг статьяйы фыццаг хъуыдыйад бакӕс ӕмӕ йӕ бауадз йӕ хъуыды зӕгъын.] Хуыцауы удцырын Ныхас нын зӕрдӕ ӕвӕры, тагъд рӕстӕджы ахӕм зындзинӕдтӕ кӕй нал уыдзӕн. [Бакӕс Псалом 71:12—14.] Ацы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмбарын кӕны, уый куыд ӕрцӕудзӕн.
«Райхъал ут!», 22 июнь (уыр.)
«Куыд хъуыды кӕныс, искуы зӕххыл адӕм иууылдӕр сӕрибар уыдзысты? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Дӕ хъус ма ӕрдар Хуыцауы хорз ныхасмӕ. [Бакӕс Ромӕгтӕм 8:21.] Цӕмӕй ацы ныхӕстӕ сӕххӕст уой, уый тыххӕй цагъарад бынтондӕр фесафын нӕ хъӕуы? Ацы «Райхъал ут!»-ы дзырдӕуы уый тыххӕй».
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1 июль (уыр.)
«Милуангай адӕм кувынц дзуӕртты нывтӕм, фӕлӕ иннӕ милуангай адӕммӕ та уый раст нӕ кӕсы. Хуыцау уый тыххӕй цы хъуыды кӕны, уый дӕ никуы бацымыдис кодта? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын. Уый фӕстӕ бакӕс Иоанны 4:24.] Ацы статьяты дзырдӕуы, адӕм дзуӕртты нывтӕм куыд райдыдтой кувын ӕмӕ Библи уый тыххӕй цы дзуры, уый».
«Райхъал ут!», 8 июль (уыр.)
«Библийы тынг раджы уыд загъд, фӕстаг бонты уӕззау рӕстӕджытӕ кӕй скӕндзӕн. [Бакӕс 2 Тимофеймӕ 3:1, 3.] Дунейы цы фыдракӕндтӕ цӕуы, уыдон ацы ныхӕстӕ бӕлвырд кӕнынц. Уавӕртӕ цас ӕвзӕрдӕр уыдаиккой, барадхъахъхъӕнӕн оргӕнтӕ куы нӕ уыдаид, уӕд! Ацы «Райхъал ут!»-ы дзырдӕуы ӕппӕт дунейы милицӕ ӕмӕ пъӕлицӕйы кусджытӕ цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уый тыххӕй».