Журналтӕ дӕтгӕйӕ цы ис зӕгъӕн
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1 мартъи
«Иуӕй-иутӕ Хуыцауы гоймагыл нӕ нымайынц. Иннӕтӕ та дзурынц, зӕгъгӕ, „Хуыцау ис, фӕлӕ махӕй ӕгӕр дард у“. Ахӕм ныхӕстӕ искуы фехъуыстай? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Дӕ хъус ма ӕрдар, алы адӕймаг дӕр Хуыцауимӕ цӕмӕн хъуамӕ зонгӕ кӕна. [Бакӕс Иоанны 17:3.] Ацы журналы фыццаг статьяты уыцы фарсты фӕдыл ссардзынӕ цымыдисаг хъуыдытӕ».
«Райхъал ут!», 22 фев. (уыр.)
«Куыд хъуыды кӕныс, цымӕ Хуыцауы фӕндыд, цӕмӕй адӕм, уыимӕ сывӕллӕттӕ дӕр, хӕрдцух ӕййӕфтаиккой? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Ӕркӕс ма, Библийы цы зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ ис. [Бакӕс Псалом 71:16.] Ацы „Райхъал ут!“-ы ӕвзӕрст цӕуы, уыцы хъуыддаг афтӕ цӕмӕн у ӕмӕ сӕйраджыдӕр та, Хуыцау ӕй куыд аскъуыддзаг кӕндзӕн, уый».
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1 мартъи (уыр.)
«Ацы ныхӕсты тыххӕй цы хъуыды кӕныс?» [Бакӕс Матфейы 5:10.] Адӕймаджы куы сурой, уӕд амондджын куыд хъуамӕ уа? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Ацы журналы фыццаг дыууӕ статьяйы дзырдӕуы, кӕй сырдтой, фӕлӕ уӕддӕр амондджын чи уыд, ахӕм адӕмыл. Ӕвӕццӕгӕн, ӕхсызгонӕй бакӕсдзынӕ, уыдон сӕхи афтӕ цӕмӕн хатыдысты, уый тыххӕй».
«Райхъал ут!», 8 мартъи (уыр.)
«Кӕд зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм, уӕддӕр нӕ цардӕй нӕ зӕрдӕ кӕй хъуамӕ рухс кӕна, ууыл сразы уыдзынӕ? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Зӕгъӕм, нӕ бон у цин кӕнын, куыд конд стӕм, ууыл. [Бакӕс Псалом 138:14.] Ацы „Райхъал ут!“-ӕй базондзынӕ, нӕ ӕнкъарӕн оргӕнты фӕрцы нӕ бон куыд у цардӕн тынгдӕр аргъ кӕнын».