Журналтӕ дӕтгӕйӕ цы ис зӕгъӕн
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 15 фев. (уыр.)
«Бирӕтӕ дис кӕнынц, дины номӕй цы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ арӕзт цӕуы, ууыл. Иуӕй-иутӕ та дины аххос кӕнынц адӕмы ӕппӕт зындзинӕдтӕ дӕр. Искуы ууыл ахъуыды кодтай? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын. Уый фӕстӕ бакӕс Раргомад 18:24.] Ацы журналӕй базондзынӕ, Библи уый тыххӕй цы дзуры».
«Райхъал ут!», 22 фев. (уыр.)
«Бирӕтӕ уарзынц цӕрӕгойты тыххӕй кӕсын, иуӕй-иутӕ та сӕ сӕ хӕдзӕртты дӕр дарынц. [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Ацы журналы ӕвзӕрст цӕуы, хӕдзары цӕрӕгойтӕ дарын стыр бӕрн кӕй у. Уым ма ноджыдӕр дзырдӕуы Хуыцауы зӕрдӕвӕрды тыххӕй, тагъд кӕй уыдзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ ӕппӕт цӕрӕгойтӕ дӕр кӕрӕдзи нал хъыгдардзысты ӕмӕ ма адӕмимӕ дӕр сабыр цӕрдзысты». [Бакӕс Исай 11:6—9.]
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1 мар.
«Иу хатт Йесойы иу нӕлгоймаг бафарста, зӕгъгӕ, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕй сӕйрагдӕр кӕцы у. Ӕркӕс ма, цавӕр дзуапп ын радта. [Бакӕс Маркы 12:29, 30.] Куыд хъуыды кӕныс, ацы ран Йесо цӕуыл дзырдта? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Ацы статьяйы, „Нӕ бон куыд у нӕ уарзондзинад Хуыцаумӕ равдисын“, зӕгъгӕ, ӕвзӕрст цӕуы, уыцы зындгонд ныхӕстӕ цы нысан кӕнынц, уый».
«Райхъал ут!», 8 мар. (уыр.)
«Иу рӕстӕджы бирӕтӕ тарстысты ядерон хӕстӕй. Куыд хъуыды кӕныс, ахӕм хӕстӕй ма абон дӕр тӕссаг у? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Ацы журналы дзырдӕуы, абон нӕ алкӕй дӕр цы цаутӕ тыхсын кӕнынц, уыдоныл. Уым ма ноджыдӕр дзырд цӕуы, Библийы зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ дунейы тагъд тӕссаг кӕй ницӕмӕйуал уыдзӕн». [Бакӕс Софони 3:13.]