Журналтӕ дӕтгӕйӕ цы ис зӕгъӕн
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 15 сент. (уыр.)
«Милуангай адӕм хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, «дзуӕрттӕн» сӕ бар, сӕ хъомыс ӕгӕрон у ӕмӕ уыдоны уылты хъӕуы Хуыцаумӕ кувын. Ды та куыд хъуыды кӕныс? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Дӕ хъус ма ӕрдар, Йесо Чырысти цы загъта, уымӕ. [Бакӕс Иоанны 14:6.] Ацы ныхӕстӕ нын «дзуӕртты» уылты кувыны тыххӕй ӕргом кӕнынц ног цыдӕр. Ацы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» дзырдӕуы уыцы ахсджиаг фарстайыл».
«Райхъал ут!», 22 сент. (уыр.)
«Абон бирӕты мӕты ӕфтауы терроризм, уӕлдай дӕр та биологон хӕцӕнгарзӕй кӕй пайда кӕнынц, уый. Куыд хъуыды кӕныс, хицӕуттӕ дуне терроризмӕй фервӕзын кӕндзысты? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Библийы дзырдӕуы, Хуыцау цы сараздзӕн, уый тыххӕй. [Бакӕс Иезекил 34:28.] Ацы «Райхъал ут!»-ы ӕвзӕрст цӕуы уый фӕдыл цалдӕр фарстайы».
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1 окт.
«Бирӕты фӕнды базонын, кӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон, нӕ алыварс цы уӕззау хабӕрттӕ цӕуы, уыдонӕн: хӕстытӕн, фыдракӕндтӕ ӕмӕ терроризмӕн. Ды та цы хъуыды кӕныс? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Библийы ис ныфсдӕттӕг ныхӕстӕ. [Бакӕс Псалом 36:10, 11.] Ацы журнал ӕмбарын кӕны, Хуыцау нырмӕ цӕуылнӕ скуынӕг кодта фыддзинад ӕмӕ адӕм цӕмӕн хъизӕмар кӕнынц».
«Райхъал ут!», 8 окт. (уыр.)
«Абон фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц, сӕ сывӕллӕтты иунӕгӕй чи хъомыл кӕны, ахӕм ныййарджытӕ. Библийы фыст ис, не Сфӕлдисӕг ахӕм бинонты уавӕр кӕй ӕмбары, уый тыххӕй. [Бакӕс Псалом 145:9.] Ацы «Райхъал ут!»-ы ӕвдыст цӕуы, Библийы уагӕвӕрдтӕ куыд ӕххуыс кӕнынц иунӕджытӕн сӕ сывӕллӕтты хорз хъомыл кӕнынӕн».