Журналтӕ дӕтгӕйӕ цы ис зӕгъӕн
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1 окт.
«Абон дунейы бирӕтӕ хатынц, сӕ ӕмкъайады уарзондзинад кӕй нӕй, ӕмӕ сӕм афтӕ кӕсы, цыма уацары бахаудтой. Кӕм у ахӕм адӕмӕн сӕ бон ӕххуыс ссарын? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Библи ныфс ӕвӕры, уыцы хъуыддаджы нын Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ кӕй баххуыс кӕндзысты. [Бакӕс Исай 48:17, 18.] Ацы „Хъахъхъӕнӕн мӕсыг“-ы ӕвзӕрст цӕуынц, ус ӕмӕ лӕджы чи ӕнгомдӕр кӕны, ахӕм библион уагӕвӕрдтӕ».
«Райхъал ут!», 22 сент. (уыр.)
«Дисы нӕ ӕфтауы, цӕрӕгойтӕ сӕ кӕрӕдзиимӕ куыд фӕныхас кӕнынц, уый. Фӕлӕ йӕ зоныс, уыцы хъуыддаджы сӕ адӕм цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын. Уый фӕстӕ бакӕс Псалом 64:3.] Цӕрӕгойтӕй хъауджыдӕр адӕймаджы фӕнды ныхас кӕнын Хуыцауимӕ. Ацы журналы ӕвзӕрст цӕуы, нӕ бон куыд у ӕхсызгонӕй ныхас кӕнын Хуыцауимӕ дӕр ӕмӕ адӕмимӕ дӕр».
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1 окт. (уыр.)
«Искуы дӕм сӕвзӕрд ахӕм фарст: „Кӕд Хуыцау уарзӕгой ӕмӕ ӕппӕтхъомысджын у, уӕд цӕуылнӕ ӕххуыс кӕны, хъизӕмар чи кӕны, уыдонӕн?“ [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Тагъд Хуыцау ӕппӕт зындзинӕдтӕн дӕр кӕрон скӕндзӕн. [Бакӕс Исай 65:17.] Ацы журналы куыд дзырдӕуы, уымӕ гӕсгӕ Хуыцау адӕмы хъизӕмӕрттӕм ӕнцад нӕ кӕсы».
«Райхъал ут!», 8 окт. (уыр.)
«Искуы фехъуыстай, ныртӕккӕ бирӕтӕн зӕххы куыстӕй ӕмӕ фос дарынӕй зын кӕй у сӕ бинонты фӕдарын? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Ацы „Райхъал ут!“-ы дзырдӕуы уый тыххӕй ӕмӕ ма Хуыцауы зӕрдӕвӕрды тыххӕй дӕр, диссаджы фидӕн нӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы. [Бакӕс Псалом 71:16.] Иннӕ хатт мӕ фӕнды аныхас кӕнын, Хуыцау уый куыд сараздзӕн, ууыл».