Журналтӕ дӕтгӕйӕ цы ис зӕгъӕн
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 15 нояб. (уыр.)
«Бирӕтӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, Хуыцауӕн кувын хъӕуы, ӕнӕмӕнгдӕр, аргъуаны кӕнӕ кувӕндоны. Ды та куыд хъуыды кӕныс? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Ӕркӕс ма, мӕнӕ уый тыххӕй Библийы цы фыст ис [Бакӕс Куыстытӕ 17:24.] Уӕдӕ ма уыцы кувӕндӕттӕ цӕмӕн сты? Ацы журнал уыцы фарстӕн дзуапп дӕтты Библийӕ».
«Райхъал ут!», 22 нояб. (уыр.)
«Куыд хъуыды кӕныс, цымӕ искуы ахуыргӕндтӕ низтӕн кӕрон скӕндзысты? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Ацы «Райхъал ут!»-ы дзырдӕуы, ахуыргӕндтӕн уыцы хъуыддаджы цы бантыст, уый тыххӕй. Уым ма дзырдӕуы, ӕрмӕстдӕр Сфӕлдисӕг кӕй фесафдзӕн низтӕ ӕмӕ мӕлӕт». Бакӕс Псаломы 145:3—5 ӕмӕ йын журнал ратт.
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1 дек.
«Абон бирӕтӕ цӕрынц тынг мӕгуыр. Уӕдӕ аргъуантӕ дӕр ахӕм уавӕры кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ адӕмӕй курынц мысайнӕгтӕ. Уый дӕм диссаг нӕ кӕсы? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын. Уый фӕстӕ бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 2:9.] Ацы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй базондзынӕ, уыцы хъуыддаджы фӕдыл Библийы цы фыст ис, уый».
«Райхъал ут!», 8 дек. (уыр.)
«Терроризм кӕй сарӕх, уый тыххӕй бирӕтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, хӕдтӕхӕгыл тӕхын тӕссаг у. Ды дӕр афтӕ хъуыды кӕныс? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, фыдбылызӕй хызт ничи у. [Бакӕс Екклесиаст 9:11]. Ацы «Райхъал ут!»-ы дзырдӕуы, цы ис саразӕн, цӕмӕй нын хӕдтӕхӕгыл ӕдасдӕр ӕмӕ ӕхсызгондӕр уа тӕхын».