Журналтӕ дӕтгӕйӕ цы ис зӕгъӕн
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1 апр.
«Куыд дӕм кӕсы, Йесо Чырыстийы ахуырӕдтӕ абон ахадынц? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Ӕвӕццӕгӕн сразы уыдзынӕ, Йесо йӕ царды фӕстаг бон цы фӕдзӕхст радта, уыимӕ. [Бакӕс Иоанны 15:12.] Уыцы бон ма Йесо бирӕ ӕндӕр ахсджиаг хъуыддӕгтӕ амыдта. Ацы „Хъахъхъӕнӕн мӕсыг“ ӕмбарын кӕны, уыдон нын куыд фӕахъаз уыдзысты, уый».
«Райхъал ут!», 22 мартъи (уыр.)
«Чи зоны йӕ ды дӕр бафиппайдтай, абон бирӕтӕ хуыссӕгхъуаг кӕй сты? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Уымӕн йӕ аххосӕгтӕй иу у, адӕймаг истӕуыл кӕй тыхсы кӕнӕ та кӕй маст кӕны, уый. [Бакӕс Екклесиаст 5:12.] Ацы журналы ӕвзӕрст цӕуы цалдӕр аххосаджы, адӕймаг ӕгъуыссӕг цӕмӕн фӕвӕййы, ӕмӕ дзы ис хорз уынаффӕтӕ, хуыздӕр фынӕй кӕнынӕн цы хъӕуы, уымӕн».
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1 апр. (уыр.)
«Ам ӕвдыст у, Фӕстаг ӕхсӕвӕр (Тайная вечеря) кӕй хонынц, уый. [Равдис ын журналы фыццаг ӕмӕ фӕстаг цъарыл цы ныв ис, уый.] Зоныс ӕй, Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕрмӕстдӕр уыцы иу цау кӕй бафӕдзӕхста бӕрӕг кӕнын? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын. Уый фӕстӕ бакӕс Лукайы 22:19.] Ацы журналы фыст ис, уыцы бӕрӕгбон афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у ӕмӕ дӕуӕн цы нысан кӕны, уый».
«Райхъал ут!», 8 апр. (уыр.)
«Бирӕ ӕрыгон фӕсивӕд наркотиктӕй кӕй сӕфынц, уый цымӕ хъыгаг хабар нӕу? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Арӕх сӕ ууыл бафтауынц ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ. [Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 15:33.] Ацы „Райхъал ут!“-ы ӕвзӕрст цӕуы, ӕрыгӕтты наркотиктӕ кӕнынмӕ цы сразӕнгард кӕны ӕмӕ сӕ сӕ ныййарджытӕн сӕ бон куыд у бахизын».