Журналтӕ дӕтгӕйӕ цы ис зӕгъӕн
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 15 апр. (уыр.)
«Фӕстаг азты цард куыд равдыста, афтӕмӕй адӕм монон хӕзнатӕн нал аргъ кӕнынц. Разы дӕ? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын. Уый фӕстӕ бакӕс Псалом 118:105.] Адӕймаг Хуыцауыл кӕй ӕууӕнды, уый йӕ бирӕ бӕллӕхтӕй хизы. Ацы журналӕй базонӕн ис, адӕймаджы цардыл ӕцӕгдӕр хорзырдӕм чи фӕзындзӕн, ахӕм монон хӕзнатӕ кӕм ис ссарӕн».
«Райхъал ут!», 22 апр. (уыр.)
«Абон цард тагъд ивы, ӕмӕ бирӕтӕ дис кӕнынц, сывӕллон дӕр сывӕллоны хуызӕн кӕй нал у. Ды та куыд хъуыды кӕныс? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын. Уый фӕстӕ бакӕс Екклессиаст 3:1, 4.] Сывӕллон хъуамӕ ма мӕт кӕна, стыртӕ цӕуыл мӕт кӕнынц, ууыл. Ацы „Райхъал ут!“-ы дзырд цӕуы, ныййарджытӕн цы у сӕ бон саразын, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ сӕ сабибонтӕ амондджынӕй ӕрвитой».
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1 май
«Ахӕм фарстытӕ ис, ӕмӕ сын адӕм дзуапп нӕ зонынц. Цӕвиттонӕн райсӕм ацы фарст. [Бакӕс Иов 21:7.] Искуы дӕм сӕвзӕрд, Хуыцаумӕ кӕй радтаис, ахӕм фарст? [Бауадз ӕй дзуапп раттын.] Ацы журналы дзырдӕуы, дунейы алы кӕрӕтты цӕрӕг адӕм куыд ссардтой дзуапп царды ӕппӕты ахсджиагдӕр фарстытӕй ӕртӕйӕн».
«Райхъал ут!», 8 май (уыр.).
«Сӕкӕрнизӕй рынчын чи у, ахӕм зонгӕтӕ нӕ бирӕтӕн ис. Уыцы низы тыххӕй исты зоныс? [Фенын ын кӕн журналы фыццаг фарс ӕмӕ йӕ бауадз йӕ хъуыды зӕгъын.] Ацы журналы ӕвзӕрст цӕуы, уыцы низ цӕмӕй фӕзыны ӕмӕ йын куыд ис хос кӕнӕн. Афтӕ ма дзы дзырдӕуы Библийы зӕрдӕвӕрды тыххӕй, зӕгъгӕ, адӕм иууылдӕр сӕ низтӕй фервӕздзысты». Дӕ ныхасы кӕрон ын бакӕс Исайы 33:24.