Адӕмӕн дзурӕм Хуыцауы ном
1. Бирӕтӕ Хуыцауы ном куы базонынц, уӕд сыл уый куыд бандавы?
1 Фыццаг хатт Хуыцауы номы тыххӕй куы фехъуыстай, уӕд дӕм дӕ зӕрдӕ цы сдзырдта? Бирӕтыл уый бандавы, мӕнӕ иу сылгоймаг куыд зӕгъы, раст афтӕ: «Хуыцауы ном фыццаг хатт Библийы куы федтон, уӕд мӕ цӕссыгтӕ ӕргӕр-гӕр кодтой. Хуыцауы ном кӕй базыдтон ӕмӕ йӕм мӕ бон йӕ номӕй дзурын кӕй у, уый мын мӕ зӕрдӕйы тӕгтӕ бацагайдта». Уыцы сылгоймаг Хуыцауы ном кӕй базыдта, уый уыд ахсджиаг, цӕмӕй Иегъовӕйы базыдтаид ӕмӕ йӕм баввахс уыдаид.
2. Ӕвӕстиатӕй цӕмӕн хъӕуы иннӕтӕн Иегъовӕйы тыххӕй дзурын?
2 Цӕмӕн ӕй хъӕуы адӕмӕн дзурын? Хуыцауы ном зонын нысан кӕны йӕ миниуджытӕ, йӕ фӕндтӕ ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ зонын дӕр. Хуыцауы ном ма баст у ирвӕзындзинадимӕ дӕр. «Иегъовӕмӕ йӕ номӕй чи кува, уый фервӕздзӕн» (НД),— ныффыста апостол Павел. Фӕлӕ Павел ӕмбарын кӕны, зӕгъгӕ, адӕм фыццаг Иегъовӕйы тыххӕй куы нӕ базоной ӕмӕ йыл куы нӕ баууӕндой, уӕд «куыд [хъуамӕ] фӕсидой Уымӕ»? Уӕдӕ чырыстӕтты ӕвӕстиатӕй хъӕуы иннӕтӕн дзурын Хуыцауы ном, ӕмӕ цы нысан кӕны, уый тыххӕй (Ром. 10:13, 14). Фӕлӕ ма Хуыцауы ном хъуамӕ адӕмӕн дзурӕм ноджы стырдӕр хъуыддаджы тыххӕй.
3. Сӕйраджыдӕр цӕмӕн хъусын кӕнӕм?
3 1920 азты Хуыцауы адӕм Фыстадӕй бамбӕрстой, Хуыцауы хицаудзинады тыххӕй ӕмӕ йӕ ном срухс кӕныны тыххӕй дзырддаг фарста кӕй ис, уый. Цалынмӕ Иегъовӕ фыдгӕнджыты скуынӕг кӕна ӕмӕ афтӕмӕй йӕ ном цъыфкалӕнтӕй ссыгъдӕг кӕна, уӕдмӕ уый тыххӕй ӕцӕгад хъуамӕ «ӕппӕт зӕххыл ӕрцӕуа хъуыстгонд» (Ис. 12:4, 5; Иез. 38:23). Уӕдӕ мах сӕйраджыдӕр уымӕн хъусын кӕнӕм, цӕмӕй Иегъовӕйы дӕр ӕмӕ йӕ ном дӕр ӕппӕт адӕмы раз кадджын кӕнӕм (Дзут. 13:15). Хуыцауы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ фылдӕр архайдзыстӕм, Хуыцау нын нӕ бӕрны цы куыст бакодта, уым.
4. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты Хуыцауы номӕй цӕмӕн базонынц?
4 «Адӕм Йӕхи номыл». 1931 азы мах райстам ном Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ (Ис. 43:10). Уӕдӕй нырмӕ Хуыцауы адӕм йӕ номы тыххӕй афтӕ хъусын кодтой, ӕмӕ чиныг «Паддзахады хъусынгӕнджытӕ»-йы (англ.) 124 фарсыл уый тыххӕй ис фыст: «Иегъовӕйы ном чи дзуры, уый адӕм уайтагъд дӕр базонынц, Иегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй у». Дӕу дӕр уымӕй базонынц? Иегъовӕйы хорздзинадӕй бузныг кӕй стӕм, уый нӕ хъуамӕ разӕнгард кӕна йӕ «номӕн арфӕ кӕнынмӕ», куыддӕр нын фадат фӕуа, афтӕ уый тыххӕй дзургӕйӕ (Пс. 19:8; 144:1, 2, 7).
5. Хуыцауы ном кӕй хӕссӕм, уый не ’фсарм ӕмӕ не ’гъдауимӕ куыд у баст?
5 Мах «адӕм Йӕхи номыл» кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ цӕрӕм, хӕрзӕгъдаудзинады тыххӕй цы уагӕвӕрдтӕ ратта, уыдонмӕ гӕсгӕ (Ап. к. 15:14; 2 Тим. 2:19). Адӕм Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты иууыл фыццаг бафиппайынц се ’фсарм ӕмӕ се ’гъдау (1 Пет. 2:12). Мах нӕ фӕнды Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ халын кӕнӕ йын йӕ хъуыддагмӕ уазал цӕстӕй кӕсын ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ ном худинаг кӕнын (Лев. 22:31, 32; Мал. 1:6—8, 12—14). Хуыздӕр уаид, нӕ царды куы ӕвдисиккам, Хуыцауы ном кӕй хӕссӕм, уый нын стыр кад кӕй у ӕмӕ йын тынг кӕй аргъ кӕнӕм.
6. Цавӕр стыр кад нын ис ныр дӕр ӕмӕ ӕнустӕм дӕр?
6 Абон мах уынӕм, Иегъовӕйы ныхӕстӕ куыд ӕххӕст кӕнынц: «Хур кӕм скӕсы, уырдыгӕй суанг, кӕм аныгуылы, уый онг мӕ ном адӕмтӕм уыдзӕн кадджын» (Мал. 1:11). Цӕй ӕмӕ дарддӕр дӕр Иегъовӕйы тыххӕй ӕцӕгад дзурӕм ӕмӕ «арфӕ кӕнӕм... Йӕ сыгъдӕг номӕн ӕнустӕй-ӕнустӕм» (Пс. 144:21).