Журналтӕ дӕтгӕйӕ цы ис зӕгъӕн
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 15 июнь (уыр.)
«Иуӕй-иутӕ Йесойы нымайынц ӕппӕты номдзыддӕр адӕймагыл. Иннӕтӕ та, ахӕм адӕймаг уӕвгӕ цард, ууыл дӕр дызӕрдыг кӕнынц. Куыд дӕм кӕсы, мах Чырыстийӕ цы хъуыды кӕнӕм, уымӕн исты нысаниуӕг ис? [Йӕ хъуыды куы зӕгъа, уӕд ын бакӕс Куыстытӕ 4:12.] Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йесо ӕцӕгдӕр зӕххыл кӕй цард? Ууыл дзырд цӕуы ацы журналы».
«Райхъал ут!», 22 июнь (уыр.)
«Бирӕты мӕты ӕфтауы, ӕрдз цы уавӕры ис, уый. Куыд хъуыды кӕныс, адӕмӕн сӕ бон суыдзӕн тропикон хъӕдтӕ бахъахъхъӕнын? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Ацы журналы дзырд цӕуы, тропикон хъӕдтӕ бахъахъхъӕнынӕн цы аразынц, уый тыххӕй. Афтӕ ма дзы дзырдӕуы, Хуыцауы мӕнӕ ацы диссаджы зӕрдӕвӕрд куыд сӕххӕст уыдзӕн, ууыл дӕр». Бакӕс Исай 11:9.
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1 июль
«Адӕймаг амондджын цӕй фӕрцы вӕййы, уыцы хъуыддӕгтӕй иу у, цӕмӕй искӕй уарза ӕмӕ йын йӕхи дӕр уарзой. [Бакӕс 4-ӕм фарсыл статьяйы разныхас.] Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, бафиппайдтаис, нӕ абоны ӕхсӕнады адӕм сӕ хъус бынтон ӕндӕр хъуыддӕгтӕм кӕй здахынц? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Ацы журналы дзырд цӕуы, цы у ӕцӕг уарзондзинад ӕмӕ куыд ис иннӕты ӕцӕг уарзтӕй уарзӕн». Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 13:2.
«Райхъал ут!», 8 июль (уыр.)
«Бирӕты тыхсын кӕны, ӕнӕсӕрфат фыдмитӕ арӕхӕй-арӕхдӕр кӕй кӕнынц, уый. [Цӕвиттонӕн ӕрхӕсс, уӕ бынаты иууылдӕр кӕй зонынц, ахӕм цау ӕмӕ адӕймаджы бауадз йӕ хъуыды зӕгъын.] Ацы журналы ӕвзӕрст цӕуы, ӕвирхъау фыдракӕндтӕ цӕй аххосӕй цӕуынц, иуӕй-иу ахӕм хъуыддӕгтӕ. Афтӕ ма дзы дзырдӕуы, Хуыцау фыдракӕндтӕ ӕмӕ тыхми бынтондӕр куыд фесафдзӕн, ууыл». Бакӕс Псалом 36:10, 11.