Уӕнгроггӕнӕн куыст
1 Библийы хабар чи исы ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ чи цӕры, уыдонӕн уый се уӕнг рогдӕр кӕны (Пс. 18:8, 9). Уый сӕ сӕрибар кӕны мӕнг ахуырӕдтӕ ӕмӕ ӕвзӕр ахуыртӕй, ӕмӕ ма сын дӕтты фидӕны ныфс дӕр. Фӕлӕ хорз хабар канд уыдонӕн нӕу ахъаз. Уый ма, Библийы арфӕйаг ӕцӕгады тыххӕй иннӕтӕн чи дзуры, уыдонӕн дӕр се уӕнг рог кӕны (Ӕмб. 11:25).
2 Уацамынд хъарутӕ дӕтты. Йесо загъта, зӕгъгӕ, чырыстон ахуыргӕнинаджы уаргъ чи райса (уымӕ хауы хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын дӕр), уыдон «се уӕнг фӕрогдӕр кӕндзысты» (Матф. 11:29, НД). Йесо иннӕтӕн кӕй хъусын кодта, уый йын йӕхицӕн дӕр йӕ хъарутыл хъару ӕфтыдта. Уый йын хӕринагӕй уӕлдай нӕ уыд (Иоан. 4:34). 70 ахуыргӕнинаджы хъусын кӕнынмӕ куы арвыста, уӕд цин кодтой, уымӕн ӕмӕ федтой, Иегъовӕ сын сӕ куыстӕн кӕй раарфӕ кодта (Лук. 10:17).
3 Абоны чырыстӕттӕй дӕр бирӕтӕ бафидар вӕййынц, адӕмимӕ Хуыцауы тыххӕй куы фӕныхас кӕнынц, уӕд. Иу хо дзуры: «Уацамынд мын удӕнцой хӕссы, уымӕн ӕмӕ уый руаджы, цӕмӕ тырнын, уый нӕ рох кӕнын ӕмӕ зонын, цӕмӕн цӕрын, уый. Уацамынды куы вӕййын, уӕд мӕ мӕ мӕстытӕ ӕмӕ алыбоны сагъӕстӕ айрох вӕййынц». Иннӕ зынгзӕрдӕ хо дзуры: «Уацамынды... фӕрцы алы бон дӕр хатын, Иегъовӕ ӕцӕгдӕр кӕй ис, уый, мӕ зӕрдӕйы ис фарн, мӕхи ахӕм амондджын хатын, ӕмӕ мӕ афтӕ ӕндӕр ницы самондджын кодтаид». Цӕй стыр кад нын у, «Хуыцауы ӕмкусджытӕ» кӕй стӕм! (1 Кор. 3:9, НД).
4 Чырыстийы ӕфсондз рог у. Йесо чырыстӕттӕн бафӕдзӕхста ӕппӕт тыхтӕй архайын, фӕлӕ нӕ бон цы у, уымӕй фылдӕр нӕ нӕ домы (Лук. 13:24). Уыйхыгъд нӕ зӕрдӕбынӕй хоны, цӕмӕй йын йе ’фсондз йемӕ иумӕ хӕссӕм (Матф. 11:29, НФ). Зындзинӕдтӕ чи ӕвзары, уыдонӕн сӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, зӕрдиагӕй кӕй лӕггад кӕнынц, уымӕй Хуыцауы зӕрдӕ кӕй рухс кӕнынц, кӕд сӕ бон бирӕ нӕу, уӕддӕр (Маркы 14:6—8; Кол. 3:23).
5 Хуыцау стыр аргъ кӕны, йӕ ном скадджын кӕныны тыххӕй цыдӕриддӕр аразӕм, уымӕн. Уый нын не уӕнг куыд тынг рог кӕны! (Дзут. 6:10). Цӕй уӕдӕ йын кӕддӕриддӕр дӕттӕм, хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый.