Журналтӕ дӕтгӕйӕ цы ис зӕгъӕн
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 15 окт. (уыр.)
«Цы уынаффӕтӕ рахӕссӕм, уыдонӕй бирӕтӕ нӕ цардыл бирӕ рӕстӕджы дӕргъы фендавынц. Цы нын баххуыс кӕндзӕн раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын. Уый фӕстӕ бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 3:6.] Ацы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ис фондз библион уагӕвӕрды, зондджын уынаффӕтӕ хӕссынӕн нын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕмтӕ».
«Райхъал ут!», 22 сент. (уыр.)
«Ӕвӕццӕгӕн фӕхатыдтӕ, арӕхӕй-арӕхдӕр кӕй дзурынц, хос кӕуыл нӕ тых кӕны, ахӕм бактериты тыххӕй. [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Ацы журнал нын ӕмбарын кӕны йӕ аххосӕгтӕ ӕмӕ ма нын амоны, нӕ бон куыд у нӕхи бахъахъхъӕнын. Уым ма дзырдӕуы Библийы зӕрдӕвӕрды тыххӕй, иу адӕймаг дӕр рынчын кӕй нал уыдзӕн». Бакӕс Исай 33:24.
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1 нояб.
«Алы адӕймаг дӕр зоны, ӕууӕнк фӕсайын цы у, уый. Искуы дӕм сӕвзӕрд фарст: “Кӕуыл баууӕндон, ахӕм адӕймаг, уӕвгӕ, ис?” [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын. Уый фӕстӕ бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 3:5.] Ацы журнал ӕмбарын кӕны, нӕ бон цӕмӕн у Хуыцауыл нӕ ныфс дарын. Уым ма дзырдӕуы, куыд ис базонӕн, адӕймагыл ӕууӕндӕн ис ӕви нӕ».
«Райхъал ут!», 8 нояб. (уыр.)
«Зӕгъӕн ис, ӕмӕ нӕ царды алкуы дӕр пайда кӕнӕм нефтӕй. Искуы ахъуыды кодтай, ӕнӕ уымӕй цард цавӕр уыдаид? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Ацы журнал ӕмбарын кӕны, нефт афтӕ ахсджиаг куыд сси. Уым ма дзырдӕуы, цӕуылнӕ хъуамӕ тӕрсӕм, иу бон нефты къӕбиц кӕй сафтид уыдзӕн, уымӕй».