Журналтӕ дӕтгӕйӕ цы ис зӕгъӕн
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг, 1 апр.
«Фӕнды нӕ дӕу фӕхонын Хицауы ӕхсӕвӕрмӕ хуыцаубоны, 4 апрелы. [Бамбарын ӕй кӕн журналы фӕстаг фарсыл кӕнӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ мыхуыр хуынды гӕххӕтты руаджы ӕмӕ уый фӕстӕ бакӕс Лукайы 22:19.] Ацы журналы фыццаг статьятӕй базондзынӕ, уыцы цау цы нысан кӕны, ӕмӕ йӕ куыд хъӕуы бӕрӕг кӕнын».
Райхал ут!, 22 мар. (уыр.)
Зӕгъ, адӕм кӕй зонынц, ахӕм исты ӕвирхъау цауы тыххӕй ӕмӕ бафӕрс: «Искуы ахъуыды кодтай, Хуыцау цӕмӕн уадзы ахӕм хабӕрттӕ? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын. Уый фӕстӕ бакӕс Иаковы 1:13.] Ацы статья, сӕйраджыдӕр фыст у ӕрыгӕттӕн, ӕмбарын кӕны нӕ уарзӕгой Сфӕлдисӕг ныронг цӕуылнӕ скӕны кӕрон адӕмы хъизӕмӕрттӕн».
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг, 1 апр. (уыр.)
«Библийы цалдӕр скъуыддзаджы ӕвзӕрын кӕнынц алыхуызон хъуыдытӕ сырды нысаниуӕджы тыххӕй. Искуы фехъуыстай уый тыххӕй? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын. Уый фӕстӕ бакӕс Раргомад 13:16—18.] Уыцы сусӕгдзинӕдтӕ ӕмбарын кӕны Библи йӕхӕдӕг. Ацы журналы дзырдӕуы уый тыххӕй».
Райхъал ут!, 8 апр. (уыр.)
«Бирӕтӕ зонгӕ сты Моисейы царды хабӕрттимӕ. Фӕлӕ зоныс, Моисей, абон махмӕ дӕр чи хауы, ахӕм ныхӕстӕ кӕй загъта? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын. Уый фӕстӕ бакӕс Дыккаг закъон 18:15.] Ацы „Райхъал ут!“-ы дзырдӕуы, чи у уыцы пехуымпар ӕмӕ цы сараздзӕн адӕмы пайдайӕн».