Бузныг кӕй дӕ, уый хъуыддагӕй ӕвдис
1 «Уӕззау рӕстӕджыты» цӕрӕм, фӕлӕ уӕддӕр Иегъовӕйӕ бузныг цӕй тыххӕй уӕм, уыцы хъуыддӕгтӕ бирӕ сты (2 Тим. 3:1). Уыдонӕй иууыл зынаргъдӕр у, йӕ Фырты мах сӕраппонд кӕй радта (Иоан. 3:16). Уымӕй уӕлдай, мӕнг дины минӕвӕрттӕ Хуыцауы ныхасӕй кӕд ӕххормаг сты, уӕд махӕн та парахатӕй ис хӕрзгъӕд монон хӕринаг (Ис. 65:13). Мах стӕм ӕппӕтдунеон ӕфсымӕрадӕй ӕмӕ нын стыр кад ис — раст дин хӕлиу кӕнын (Ис. 2:3, 4; 60:4—10, 22). Иегъовӕ ныл кӕлгӕуӕлдайӕ цы хорзӕхтӕ уадзы, уый тыххӕй йын куыд у нӕ бон арфӕ кӕнын ӕмӕ дзы бузныг кӕй стӕм, уый хъуыддагӕй ӕвдисын? (Кол. 3:15, 17).
2 Зӕрдӕрухсӕй, зӕрдӕбынӕй лӕггад кӕнӕм. Апостол Павел куы дзырдта, адӕймагӕн йӕ къухы цы ис, уымӕй хай кӕныны фӕдыл, уӕд ныффыста: «Барвӕндонӕй дӕттӕджы уарзы Хуыцау» (2 Кор. 9:7). Ацы уагӕвӕрд хауы, Хуыцауӕн куыд лӕггад кӕнӕм, уымӕ дӕр. Бузныг кӕй стӕм, уый ӕвдисӕм, ӕцӕгадыл ӕнувыд кӕй стӕм, чырыстон фембӕлдты зӕрдӕрухсӕй кӕй архайӕм, зынгзӕрдӕйӕ кӕй хъусын кӕнӕм ӕмӕ Хуыцауы фӕндон зӕрдиагӕй кӕй ӕххӕст кӕнӕм, уымӕй (Пс. 106:21, 22; 118:14; 121:1; Ром. 12:8, 11).
3 Рагон Израилӕн лӕвӕрд Закъоны бӕлвырд домӕнтӕ нӕ уыд, сӕ лӕвӕрттӕ цӕйбӕрц хъуамӕ уыдаиккой, уый фӕдыл. Хуыцауӕн кувӕг адӕмӕй алчидӕр бузныг кӕй уыд, уый ӕвдыста, «Иегъовӕ [йын] куыд раарфӕ кодта», уымӕ гӕсгӕ (Дык. з. 16:16, 17). Афтӕ абон дӕр, зӕрдӕбынӕй бузныг кӕй стӕм, уый нӕ разӕнгард кӕны, нӕ бон цас у, нӕ уавӕртӕ нӕ цас амонынц, уыйбӕрц Паддзахады тыххӕй хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы архайын. Уымӕн нын арӕх фылдӕр гӕнӕнтӕ фӕзыны сӕрды. Иуӕй-иутӕ фылдӕр фӕхъусын кӕнынц отпусчы йе та каникулты рӕстӕджы ӕмӕ бон куы фӕдаргъдӕр вӕййы, уӕд, чидӕртӕ та ма суанг ӕххуысгӕнӕг пионертӕй дӕр фӕлӕггад кӕнынц. Ацы сӕрды дӕ бон у фылдӕр хъусын кӕнын?
4 Арфӕйы ныхӕстӕ ма ’вгъау кӕнӕм. Бузныг кӕй стӕм, уый Иегъовӕйӕн нӕ бон у, сӕйраджыдӕр, куы йӕм фӕкувӕм, уӕд дзурын (1 Фес. 5:17, 18). Хуыцауы Ныхас нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй арфӕйы ныхӕстӕ ма ’вгъау кӕнӕм (Кол. 2:7). Кӕд тынг ӕнӕвдӕлон стӕм, кӕнӕ цӕуылдӕр сагъӕс кӕнӕм, уӕддӕр хъуамӕ алы бон дӕр нӕ куывтыты арфӕйы ныхӕстӕ дзурӕм (Фил. 4:6). Цӕй уӕдӕ нӕ лӕггады дӕр ӕмӕ нӕ куывтыты дӕр кӕнӕм «бирӕ арфӕтӕ Хуыцауӕн» (2 Кор. 9:12).