Нӕ хӕстӕджытӕн куыд хъусын кӕнӕм?
1. Нӕ хӕстӕджытӕн куы хъусын кӕнӕм, уӕд ӕмбаргӕ цӕмӕн хъуамӕ уӕм?
1 Цӕй стыр цин уыдзӕн ног дунейы цӕрын! Фӕлӕ ноджы тынгдӕр та уӕд цин кӕниккам, уым нӕ хиуӕттӕ дӕр нӕ фарсмӕ куы уаиккой ӕмӕ Иегъовӕйӕн иумӕ куы лӕггад кӕниккам. Нӕ хӕстӕджытӕн куы хъусын кӕнӕм, уӕд чи зоны, ӕцӕгдӕр афтӕ уа. Фӕлӕ цӕмӕй нӕ ныхӕстӕ сӕ зӕрдӕмӕ бахъарой, уый тыххӕй хъуамӕ ӕмбаргӕ уӕм. Иу районон цӕстдарӕг бафиппайдта: «Ӕнтыстджын разынынц, йӕ хӕстӕджытӕн гыццылгай чи фӕхъусын кӕны ӕмӕ сӕ афтӕмӕй чи бацымыдис кӕны, уыдон». Уый тыххӕй нӕ цы кӕнын хъӕуы?
2. Нӕ хӕстӕджытыл сыгъдӕгзӕрдӕйӕ куы мӕт кӕнӕм, уӕд сӕ уый фӕрцы куыд бацымыдис кӕндзыстӕм?
2 Бацымыдис сӕ кӕн. Рагацау лӕмбынӕг ахъуыды кӕн, дӕ хӕстӕджыты хъуыдытыл цӕмӕй бафтаудзынӕ, цы сӕ бацымыдис кӕндзӕн (Ӕмб. 15:28). Цӕуыл мӕт кӕнынц? Цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц? Равдис сын, цы сӕ цымыдис кӕны, уый фӕдыл статья кӕнӕ та стих. Дӕ хӕстӕджытӕ дӕм дард куы цӕрой, уӕд сӕм дӕ бон у фыстӕг ныффыссын йе та семӕ телефонӕй аныхас кӕнын. Тыххӕй сын мацы хъар, фӕлӕ ӕцӕгады мыггӕгтӕ тау ӕмӕ Иегъовӕйыл дӕ ныфс дар, кӕй сӕ сырӕзын кӕндзӕн (1 Кор. 3:6).
3. Куыд цӕрӕм, уый нӕ хӕстӕджытӕн уӕлдай кӕй нӕу, уымӕ гӕсгӕ сын нӕ бон хъусын кӕнын куыд у?
3 Йесо бирӕ хӕйрӕджытӕ кӕмӕй расырдта, уыцы нӕлгоймагӕн загъта: «Цу уӕхимӕ дӕхионтӕм ӕмӕ радзур уыдонӕн, цы бакодта дӕуӕн Хицау ӕмӕ дын куыд фӕтӕригъӕд кодта» (Маркы 5:19). Ахъуыды ма кӕн, уыцы лӕджы хиуӕттӕ куыд фӕдис кодтаиккой! Кӕд дӕуыл ахӕм диссаг хабар не ’рцыд, уӕддӕр, ӕвӕццӕгӕн, дӕ хӕстӕджытӕн дӕ цард кӕнӕ дӕ сывӕллӕтты цард уӕлдай нӕу. Дӕ бон сын у радзурын, Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы дын цы хӕслӕвӕрд уыд, уый тыххӕй, конгрессы кӕнӕ Вефилы кӕй уыдтӕ, йе та дыл тынг чи бандӕвта, ахӕм цау. Афтӕмӕй дын, гӕнӕн ис, Иегъовӕ ӕмӕ йӕ организацийы тыххӕй дӕ хӕстӕджытӕн хъусын кӕнынӕн фылдӕр фадӕттӕ фӕзына.
4. Нӕ хӕстӕджытӕн куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм?
4 Ӕмбаргӕ у. Нӕ хӕстӕджытӕн куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд хорз уаид, иу хаттӕн сын ӕгӕр бирӕ куы нӕ дзуриккам. Иу ӕфсымӕр, Библи ахуыр кӕнын куы райдыдта, уыцы рӕстӕджы тыххӕй загъта: «Библийӕ-иу цы базыдтон, уыдон-иу мӕ мадӕн сахатгай фӕдзырдтон ӕмӕ-иу нын арӕх хъаугъатӕм дӕр асайдта, уӕлдай тынгдӕр та-иу мӕ фыдимӕ». Нӕ хиуӕттӕй искӕй Библийы хабар куы цымыдис кӕна, уӕд дӕр йемӕ афтӕ ныхас кӕн, фылдӕр базонын ӕй куыд бафӕнда (Ӕмб. 25:7). Уацамынды адӕмимӕ ныхасгӕнгӕйӕ куыд уӕздан, хӕларзӕрдӕ ӕмӕ фӕразон вӕййыс, раст афтӕ хъуамӕ уай дӕ хӕстӕджытимӕ дӕр (Кол. 4:6).
5. Нӕ хӕстӕджытӕ нӕм куы нӕ хъусой, уӕд цы хъуамӕ кӕнӕм?
5 Иу афон Йесойӕ йӕ хӕстӕджытӕ афтӕ дӕр хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, йӕ зонд фӕцыди (Маркы 3:21, НФ). Фӕлӕ дзы фӕстӕдӕр чидӕртӕ уырнджытӕ систы (Ап. к. 1:14). Кӕд дӕм дӕ хӕстӕджытӕ ныр нӕ хъусынц, уӕддӕр дӕ ныфс ма асӕттӕд. Уавӕртӕ дӕр ивын зонынц ӕмӕ зӕрдӕйы уаг дӕр. Уӕдӕ агур, чи сӕ бацымыдис кӕна, ахӕм хъуыдытыл аныхас кӕнынӕн фадӕттӕ. Чи зоны дӕ уыцы амонд уа, ӕмӕ сын ӕнусон цардмӕ кӕнӕг фӕндагыл слӕууынӕн баххуыс кӕнай (Матф. 7:13, 14).