Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 12/04 7 ф.
  • Фарстыты асыкк

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Фарстыты асыкк
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2004
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • «Зонд бӕрӕг вӕййы раст хъуыддӕгтӕй»
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2010
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2004
km 12/04 7 ф.

Фарстыты асыкк

◼ Нӕ хъусын кӕныны хъуыддагыл нын исчи ӕргом цъыфкалӕн куы кӕна, уӕд нӕ цы кӕнын хъӕуы?

Нӕ ныхмӕдзӕуджытӕ ӕмӕ раст дин ныууадзджытӕ хатт телевизоры, радиойы, йе та газетты кӕнӕ журналты Иегъовӕйы адӕмӕн сӕ куыст ӕмӕ сӕ диныл цъыфкалӕн фӕкӕнынц. Ахӕм уавӕрты уыцы ныхӕстӕ мацӕмӕ ’рдарынӕй хуыздӕр ницы ис. Раст афтӕ кодта Йесо: «Ӕфхӕрд уӕвгӕйӕ, Уый фӕстӕмӕ никӕйы ӕфхӕрдта; хъизӕмар кӕнгӕйӕ, ӕртхъирӕн нӕ кодта, фӕлӕ лӕвӕрдта уый – Раст Тӕрхонгӕнӕгмӕ» (1 Пет. 2:23). Чи зоны нӕ искӕмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ ӕфхӕрӕн ныхасӕн хъӕуы дзуапп раттын – телеуынынадмӕ, радиомӕ, кӕнӕ газеты редакцимӕ бацӕуын кӕнӕ сӕм фыстӕг ныффысын, йе та ӕндӕр исты бакӕнын. Фӕлӕ арӕх ахӕм дзуаппӕн йӕ пайдайӕ йӕ зиан фылдӕр вӕййы: ногӕй та ӕфсон фӕзыны не знӕгтӕн нӕ фыдгой кӕнынӕн, ӕмӕ раст дин ныууадзджытӕн та сӕ мӕнг ахуырӕдтӕ парахат кӕнынӕн. Адӕмӕн сӕ фылдӕр хорз зонынц Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты, уыдонӕй бирӕтӕ бузныг сты нӕ куыстӕй, сӕ зӕрдӕмӕ цӕуы нӕ литературӕ дӕр. Ӕмӕ исчи нӕ диныл ӕмӕ нӕ организацийыл цъыф куы фӕкалы, уӕд сӕм фӕзыны фарстытӕ. Ахӕм фарстытӕн та нӕ бон дзуапп раттын у, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ куы хъусын кӕнӕм, уӕд. Афтӕмӕй рӕстзӕрдӕ адӕм ссардзысты сӕ фарстытӕн дзуапп ӕмӕ нӕ ныхмӕдзурджытӕн та нӕ фыдгой кӕнынӕн уӕлдай хатт ӕфсон нӕ уыдзӕн. Иууыл ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ афтӕмӕй, Йесо нын цы куыст бафӕдзӕхста – Паддзахады хабар хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын, уый къуылымпы нӕ кӕндзӕн (Матф. 28:19, 20).

Ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕм афтӕ куы фӕкӕса, ӕмӕ Иегъовӕ ӕмӕ йӕ адӕмы сыгъдӕг ном бахъахъхъӕныны сӕраппонд, цыфкалӕн ныхасӕн дзуапп ӕнӕратгӕ нӕй, уӕд уал фыццаг фехъусын кӕнын хъӕуы Ӕхсӕнадмӕ. Арвитын хъӕуы бӕлвырд ӕрмӕг: нӕ ныхмӕ цы дзырдтой, цы фыстой, ахӕм бӕлвырд-бӕстон ӕрмӕг хъӕудзӕн арвитын Ӕхсӕнадмӕ, стӕй цы хуызы бахъахъхъӕнинаг сты сӕ бартӕ. Афтӕмӕй Ӕхсӕнад ӕркӕсдзӕн уыцы фарстмӕ ӕмӕ бауынаффӕ кӕндзӕн, растдӕр бакӕнӕн куыд уыдзӕн. Ацы фарстайы фӕдыл ма бакӕсӕн ис брошюрӕйы «Ахуыргӕнӕн статьятӕ», ӕртыккаг хайы (br3-OSS), 12–16 фф., статья «Нӕ уырнындзинад хъахъхъӕнын», 1995 азы 1 апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы 26–29 фф. (уыр.) ӕмӕ 2000 азы 22 июны «Райхъал ут!»-ы 4–8 фф. (уыр.).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын