Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 7/05 1 ф.
  • Адӕмӕй хӕсджын стӕм

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Адӕмӕй хӕсджын стӕм
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Нӕ хӕстӕй куыд фервӕзӕм?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Ӕхца ӕмӕ хӕстимӕ баст хъуыддӕгты Библи ӕххуыс кӕны?
    Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Адӕмы хӕдзары куы не ’ййафӕм
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2007
  • Хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кӕнын ахсджиаг цӕмӕн у?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
km 7/05 1 ф.

Адӕмӕй хӕсджын стӕм

1 Апостол Павел ӕмбӕрста, адӕмӕн хъусын кӕнын йӕ хӕс кӕй у. Ӕмӕ зыдта, Иегъовӕ фӕндаг кӕй бакодта, цӕмӕй йӕ Фырты зынаргъ туджы руаджы ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фервӕзой (1 Тим. 2:3–6). Уымӕн загъта Павел: «Ӕз хӕсджын дӕн Еллинтӕй, фыдгӕнджытӕй, зондджынтӕй ӕмӕ ницы зонджытӕй». Адӕмӕн хорз хабар хъусынгӕнгӕйӕ, уый йӕ хӕс ӕххӕст кодта зӕрдӕргъӕвдӕй ӕмӕ ӕнӕрынцойӕ (Ром. 1:14, 15, НФП).

2 Абон чырыстӕттӕ дӕр Павелау хорз хабар дзурынц, куыддӕр сын фадат фӕзыны, афтӕ. «Стыр бӕллӕх» нӕм бонӕй-бонмӕ ӕввахсдӕр кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕвӕстиатӕй агурӕм сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы. Ӕцӕгӕйдӕр сӕ кӕй уарзӕм, уый тыххӕй нӕ фӕнды бӕстон ӕххӕст кӕнын цардирвӕзынгӕнӕн куыст (Матф. 24:21; Иез. 33:8).

3 Нӕ хӕс ӕххӕст кӕнӕм. Сӕйраджыдӕр адӕмы ссарӕм хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ. Сӕ хӕдзӕртты сӕ куы нӕ ӕййафӕм, уӕд уый хъӕуы нӕхимӕ фӕнысан кӕнын ӕмӕ сӕм ӕндӕр рӕстӕг цӕуын, афтӕмӕй нӕ бон уыдзӕн фылдӕр адӕмимӕ аныхас кӕнын (1 Кор. 10:33). Нӕ бон ма у хъусын кӕнын куыстуӕтты, уынгты, паркты ӕмӕ машинӕты лӕууӕндӕтты, стӕй телефонӕй дӕр. Ахъуыды ма кӕн: «Царддӕттӕг хабар хъусын кӕныны хъуыддаджы алы мадзалӕй дӕр хуыздӕр пайда кӕныныл архайын?» (Матф. 10:11).

4 Иу пионер-хо ӕмбӕрста, кӕм хъусын кӕны, уым цы адӕм цӕры, уыдонӕй хӕсджын кӕй у. Иу хӕдзарӕн ӕдзух йӕ рудзгуыты ӕмбӕрзӕнтӕ уыдысты ӕхгӕд, ӕмӕ-иу дзы никуы ничи ракаст. Фӕлӕ иу бон, пионер куы нӕ хъусын кодта, уӕд уыцы хӕдзары раз федта машинӕ. Уый дӕр фадатӕй спайда кодта ӕмӕ дуары дзӕнгӕрӕгыл бахӕцыд. Ракасти йӕм иу нӕлгоймаг ӕмӕ сын ныхас бацайдагъ. Уый фӕстӕ йӕм хо йӕ цардӕмбалимӕ цалдӕр хатты бацыд. Фӕстӕдӕр нӕлгоймаг сразы Библи ахуыр кӕныныл ӕмӕ ныр у аргъуыд ӕфсымӕр. Уый уыцы хойӕ тынг бузныг у, хъусын кӕнын йӕ хӕсыл кӕй нымадта, уымӕй.

5 Рӕстӕг кӕй тӕхы, уымӕ гӕсгӕ ныр у нӕ хӕс фидыны афон – адӕмӕн ӕппӕт хъарутӕй ныфсджынӕй хъусын кӕнын (2 Кор. 6:1, 2).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын