Адӕмы хӕдзары куы не ’ййафӕм
1. Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ зын цы вӕййы?
1 Бирӕ рӕтты зынӕй-зындӕр кӕны, адӕмы сӕ хӕдзӕртты ӕййафын. Ацы «уӕззау рӕстӕджы» адӕм бирӕ кусынц, цӕмӕй къӕбӕры фаг амал кӕной (2 Тим. 3:1). Чи та дуканитыл фӕзилы, йе та йӕхи фӕирхӕфсы. Куыд фехъусын кӕнӕм ахӕм адӕмӕн хорз хабар?
2. Цы саразӕн ис, цӕмӕй, хӕдзары кӕй нӕ баййафӕм, уыдонмӕ дӕр ӕнӕмӕнг бацӕуой?
2 Хӕдзары чи нӕ уыд, уыдоны тыххӕй бӕстон фысс. Фыццаджыдӕр, хъуамӕ нӕхимӕ фыссӕм, хӕдзары кӕй нӕ баййӕфтам, уыдоны, уӕлдайдӕр та кӕд нӕ участокы арӕх вӕййӕм, уӕд. Иуӕй-иу хатт хуыздӕр вӕййы, кӕй нӕ баййафӕм, уыдоны тыххӕй хицӕн гӕххӕттыл фыссын, цӕмӕй йӕ радтӕм, участокмӕ ӕндӕр рӕстӕг цӕуын кӕмӕн уа йӕ бон, ахӕм хъусынгӕнӕгмӕ. Ныффысс-иу уынг, дӕ участокы карточкӕйы номыр, дӕ ном ӕмӕ дзы кӕд уыдтӕ, уый. Кӕм фысдзынӕ, уыцы гӕххӕттыл ма дӕ бон у ныууадзын бынат ӕндӕр фиппаинӕгтӕн, цӕмӕй ма дзы дӕхӕдӕг кӕнӕ ӕндӕр хъусынгӕнӕг истытӕ фӕнысан кӕна, хӕдзары чи нӕ уыд, уыдонмӕ та ногӕй куы цӕуа, уӕд. Участокыл куы бакусай, уӕд дӕ ма ферох уӕд, карточкӕ кӕй у, уымӕ фыстытӕ раттын, кӕд дын йӕхӕдӕг нӕ зӕгъа, хӕдзары чи нӕ вӕййы, уыдонмӕ ды цу, зӕгъгӕ, уӕд. Чи дӕм байхъуыста ӕмӕ кӕмӕ цӕудзынӕ, уыцы адӕмӕй алкӕй тыххӕй дӕр хицӕн гӕххӕттыл фысс.
3. Хӕдзары кӕй нӕ баййафӕм, уыдонӕн куыд ис хъусын кӕнӕн?
3 Ӕндӕр рӕстӕг-иу ӕрбацу. Кусгӕ бонты хӕдзары чи нӕ вӕййы, уыдоны, чи зоны, изӕрыгӕтты кӕнӕ улӕфгӕ бонты баййафӕм. Дӕ бон у дӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ спълан кӕнын, цӕмӕй адӕммӕ ӕндӕр рӕстӕг цӕуай? (1 Кор. 10:24). Кӕд нӕ, уӕд, хӕдзары чи нӕ уыд, уыдоны адристӕ ратт, йӕ бон кӕмӕн уыдзӕн ахӕм хъусынгӕнӕгмӕ. Кӕнӕ та сӕм дӕ бон у писмо ныффыссын, йе та сӕм телефонӕй бадзурын. Уыцы хъуыддаджы дын ӕхсызгонӕй баххуыс кӕндзысты, йе ’нӕниздзинады тыххӕй хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын зын кӕмӕн у, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ.
4. Цавӕр хабар ӕвдисы, хӕдзары кӕй нӕ баййафӕм, уыдонмӕ ногӕй цӕуын кӕй хъӕуы?
4 Иу хабар хорз ӕвдисы, ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы, хӕдзары чи нӕ вӕййы, уыдонӕн фехъусын кӕнын. Хъусынгӕнджытӕ ӕртӕ азы дӕргъы архайдтой иу хӕдзары цӕрджыты баййафыныл ӕмӕ сын ӕппынфӕстаг бантыст. Уыцы рӕстӕг та, цы сылгоймаг дзы цард, уый ӕнхъӕлмӕ каст Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм. Уымӕн ӕмӕ раздӕр кӕм цард, уым Библи ахуыр кодта, ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй та йӕм ногӕй цыдаиккой.
5. Нӕ участок фестӕм зӕгъӕн кӕд ис?
5 Дзӕбӕх бакус дӕ участок. Нӕ участок фестӕм зӕгъӕн кӕд ис? Кӕд, нӕ бон цы уыд, уый бакодтам, цӕмӕй алы хӕдзары дӕр хорз хабар фехъусын кӕнӕм, уӕд. Нӕ бон у трактат кӕнӕ зӕронд журналтӕ ныууадзын ахӕм ран, цӕмӕй ма зыной, уӕлдайдӕр та кӕд ӕмбырд уыцы участокыл арӕх не ’рзилы, уӕд. Участок бакусын хъӕуы цыппар мӕймӕ. Уый фӕстӕ йӕ раттын хъӕуы, участоктӕ кӕмӕ вӕййынц, уыцы ӕфсымӕрмӕ ӕмӕ йӕ уый йӕхимӕ фӕнысан кӕндзӕн.
6. Нӕ участокы алкӕмӕн дӕр хорз хабар фехъусын кӕныныл цӕмӕн хъуамӕ архайӕм?
6 Мах фӕнды, цӕмӕй фылдӕр адӕм базоной, Йегъовӕмӕ йӕ номӕй куыд кувын хъӕуы, уый ӕмӕ фервӕзой (Ром. 10:13, 14). Уый хауы, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ кӕй нӕ баййафӕм, уыдонмӕ дӕр. Апостол Павелау мах дӕр архайӕм, цӕмӕй «Хуыцауы стыр хорзӕхы тыххӕй хорз хабар адӕмӕн бӕстон хъусын кӕнӕм» (Ап. хъ. 20:24).