Арӕхстджындӕрӕй ӕххуыс кӕнӕм адӕмӕн раст хатдзӕгтӕм цӕуынӕн
1. Библийӕ цавӕр скъуыддзагмӕ ӕркӕсдзыстӕм ӕмӕ цӕмӕн?
1 Адӕмӕн раст хатдзӕгтӕм ӕрцӕуынӕн баххуыс кӕнӕн куыд ис, уымӕн Куыстыты 13:16–41 ис диссаджы цӕвиттон. Уым фыст ис, апостол Павелӕн Писидийаг Антиохийы синагогӕйы цы раныхас уыди, уый тыххӕй. Павел йӕ зӕрдыл дардта, чи йӕм хъуыста, уыдон цы ӕгъдӕуттыл ӕмӕ цы зондыл хӕст уыдысты, уый, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ арӕзта йӕ ныхас. Уӕдӕ ӕркӕсӕм уыцы раныхасмӕ, цӕмӕй бамбарӕм, нӕ бон куыд у уацамынды апостол Павелы фӕзмын.
2. Павел йӕ ныхас куыд райдыдта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
2 Иумӕйагӕй уын цы ис, ууыл дзур. Кӕд Павелӕн йӕ ныхас сӕйрагдӕр, Йесо Чырысти Хуыцауы фӕнд сӕххӕст кӕныны цы ахсджиаг бынат ахсы, ууыл уыди, уӕддӕр уымӕй нӕ райдыдта. Йӕ ныхасмӕхъусджытӕн сӕ фылдӕр иудейтӕ кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ дзурын райдыдта, семӕ йын иумӕйагӕй цы уыдис, ууыл – израилаг адӕмы историйыл (Ап. к. 13:16–22). Мах дӕр адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг ссардзыстӕм, цы нӕ иу кӕны, ууыл куы дзурӕм, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ, чи зоны, хъӕуа уӕзданӕй фарстытӕ дӕттын ӕмӕ лӕмбынӕг хъусын, цӕмӕй бамбарӕм, ӕцӕгӕйдӕр сӕ цы тыхсын кӕны, уый.
3. Павелмӕ чи хъуыста, уыдонӕн зын цӕмӕн уыд баууӕндын, Йесо зӕрдӕвӕрд Мессиа кӕй у, ууыл?
3 Израилӕгты царды тыххӕй дзургӕйӕ, Павел йӕ ныхасмӕхъусджыты зӕрдыл ӕрлӕууын кодта Хуыцауы зӕрдӕвӕрд – Ирвӕзынгӕнӕг Давиды мыггагӕй кӕй рацӕудзӕн. Иудейтӕй бирӕтӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты хъӕбатыр ӕфсӕддонмӕ, Ромы дӕлбарӕй сӕ чи фервӕзын кӕндзӕн ӕмӕ израилаг адӕмы иннӕтӕй уӕлдӕр чи сӕвӕрдзӕн, ахӕммӕ. Павелмӕ чи хъуыста, уыдон, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зыдтой, Иерусалимы дины разамонджытӕ Йесойы кӕй ницӕмӕ ӕрдардтой ӕмӕ йӕ ромаг хицауады къухтӕм мӕлӕтмӕ кӕй раттой. Куыд сӕ хъуамӕ баууӕндын кодтаид Павел, Йесо зӕрдӕвӕрд Мессиа кӕй у, ууыл?
4. Павел арӕхстджынӕй куыд ныхас кодта, чи йӕм хъуыста, уыдонимӕ?
4 Уавӕртӕм гӕсгӕ дзур. Павел зыдта, чи йӕм хъуыста, уыдоны зондахаст ӕмӕ семӕ Фыстадыл ныхасгӕнгӕйӕ дзурын райдыдта, цӕуыл ӕууӕндыдысты, уымӕй. Зӕгъӕм, Йесойы тыххӕй дзургӕйӕ, загъта, кӕй уыд Давиды байзӕддаг ӕмӕ Аргъауӕг Иоанн (бирӕтӕ Хуыцауы пехуымпарыл кӕй нымадтой) кӕй кой кодта, уый (Ап. к. 13:23–25). Загъта сын, Йесойы чи ницӕмӕ ӕрдардта ӕмӕ йӕ мӕлӕтмӕ чи радта, уыцы дины разамонджытӕ уымӕй кӕй «сӕххӕст кодтой пехуымпарты ныхӕстӕ» (Ап. к. 13:26–28). Стӕй сын бамбарын кодта, Йесо кӕй райгас, уымӕн ӕвдисӕнтӕ кӕй ис ӕмӕ сын сӕ хъус ӕрдардта, райгасуӕвӕг Йесойыл чи сӕххӕст, уыцы зындгонд пехуымпарӕдтӕм Фыстадӕй (Ап. к. 13:29–37).
5. а) Павел грекъӕгтимӕ дзургӕйӕ йӕ ныхас куыд фӕивта? ӕ) Хъусын кӕнгӕйӕ Павелы куыд фӕзмдзыстӕм?
5 Цымыдисаг уый у, ӕмӕ Павел афинаг ареопаджы грекъӕгтимӕ куы дзырдта, уӕд йӕ ныхас куыд фӕивта (Ап. к. 17:22–31). Ам дӕр семӕ, иудейтӕн цы хабары тыххӕй дзырдта, ууыл ныхас кодта, ӕмӕ та ацы хатт дӕр йӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ уыд (Ап. к. 13:42, 43; 17:34). Абон мах дӕр уацамынды ӕнтыстджын уыдзыстӕм, куы архайӕм, адӕмимӕ нын иумӕйагӕй цы ис, ууыл ныхас кӕныныл. Стӕй нӕ ныхас уавӕртӕм гӕсгӕ куы ивӕм – чи нӕм хъусы, уыдон цы ӕгъдӕуттыл ӕмӕ цы зондыл хӕст сты, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд.