Куыд у нӕ бон баххуыс кӕнын?
1 Кӕмдӕр цавӕрдӕр бӕллӕх ӕрцыд, уый Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куы фехъусынц, уӕд сӕм арӕх фӕзыны фарст, куыд у нӕ бон баххуыс кӕнын, зӕгъгӕ. Куыстыты 11:27–30 фыст ис, нӕ эрӕйы фыццаг ӕнусы Иудейы ӕххормаг рӕстӕг куы скодта, уӕд чырыстӕттӕн се ’фсымӕртӕ кӕй баххуыс кодтой, уый тыххӕй.
2 Абон та нӕ организацийӕн закъонмӕ гӕсгӕ ис бар, цӕмӕй ӕхцайӕ ӕмӕ ӕндӕр истӕмӕй ӕххуыс кӕна, ӕрдзон бӕллӕхты кӕнӕ, адӕймаджы аххосӕй цы фыдбылызтӕ ӕрцӕуы, уыдоны чи бахауы, уыцы адӕмӕн.
3 Цӕвиттон, фарон ӕфсымӕртӕй бирӕтӕ арвыстой ӕхца, Хуссар Азийы цунами зиан кӕмӕн ӕрхаста, уыдонӕн. Афтӕ зӕрдиагӕй сын кӕй баххуыс кодтой, уый, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, раппӕлинаг у. Фӕлӕ кӕцыдӕр бӕстӕты закъонмӕ гӕсгӕ, кӕд ӕхца ӕрвитӕг фӕнысан кодта, цӕй тыххӕй сӕ ӕрвиты, уый, уӕд сӕ спайда кӕнӕн ис ӕрмӕстдӕр уыцы хъуыддагӕн, стӕй бӕлвырд рӕстӕгмӕ, кӕд не ’фсымӕртӕн бынаты баххуыс кодтой, уӕддӕр.
4 Уымӕ гӕсгӕ, хорз уаид, искӕмӕн баххуыс кӕнынӕн ӕхца куы ’рвитӕм, уӕд ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн лӕвӕрд куы уаид. Уырдӕм цы ӕхца ӕрвыстӕуы, уый хардз цӕуы, бӕллӕхты чи бахауд, уыдонӕн баххуыс кӕнынӕн ӕмӕ ӕгас дунейы чырыстон ӕмбырдтӕ фидар кӕнынӕн дӕр. Кӕд адӕймаджы, ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн цы мысайнӕгтӕ лӕвӕрдӕуы, уыдоны уӕлдай фӕнды раттын мысайнаг, сӕрмагондӕй ӕфсымӕртӕн бахъуаджы сахат ӕххуыс кӕнынӕн, уӕд дӕр дзы спайда кӕндзыстӕм, ӕххуыс кӕм хъӕуа, уым. Фӕлӕ хуыздӕр уаид, ахӕм мысайнӕгтӕ ӕрмӕст кӕцыдӕр сӕрмагонд бынат ӕмӕ хъуыддагӕн куы нӕ уаиккой ӕрвыст.
5 Афтӕ кӕй уынаффӕ кӕнӕм, зӕгъгӕ, мысайнӕгтӕ сӕйраджыдӕр ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн дӕттӕм, уый фӕрцы нӕм фылдӕр фӕрӕзтӕ уыдзӕн нӕ чырыстон лӕггады алы хъуыддагӕн дӕр, фидӕны ма, гӕнӕн ис, цы бӕллӕхтӕ ’рцӕуа, ӕрмӕст уыдонӕн нӕ, фӕлӕ. Уый раст уыдзӕн, Ефесӕгтӕм 4:16 цы хъуыды ис, уымӕ гӕсгӕ, ома ӕмвӕнд-ӕмзондӕй архайӕм ӕмӕ нӕ бон цы у, уый рӕдауӕй хай кӕнӕм, цӕмӕй «буар ӕгасӕй дӕр рӕза, арӕзт цӕуа уарзондзинады фӕрцы» (НТ).