Адӕмыл сыгъдӕгзӕрдӕйӕ тыхс – комкоммӕ сӕм кӕс
1 Ӕхсӕнадон бынӕтты кӕнӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусынгӕнгӕйӕ, цалынмӕ адӕймагимӕ не сныхас кӕнӕм, уӕдмӕ уал ӕм комкоммӕ бакӕсӕм. Уыцы цыбыр рӕстӕгмӕ йӕ цӕсгомӕй бамбарӕн вӕййы, немӕ йӕ ныхас кӕнын фӕнды ӕви нӕ, ӕмӕ ма суанг, цы зӕрдӕйы уагыл ис, уый дӕр. Махмӕ кӕсгӕйӕ, уымӕн дӕр йӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у бафиппайын. Мӕнӕ цы загъта иу сылгоймаг нӕ хойы тыххӕй: «Ӕппӕты тынгдӕр дзы бахъуыды кодтон йӕ мидбылхудт ӕмӕ куыд сабыр уыд, уый. Растдӕр мӕ уый бацымыдис кодта». Уый тыххӕй байхъуста сылгоймаг хорз хабармӕ.
2 Адӕймагмӕ комкоммӕ кӕсын хорз у ныхас райдайынӕн уынджы кӕнӕ ӕндӕр ӕхсӕнадон бынӕтты. Иу ӕфсымӕр фӕкӕсы, уынджы йӕ ныхмӕ чи ӕрбацӕйцӕуы, уыдонмӕ. Куы йӕм ӕрбакӕсынц, уӕд сӕм йӕ мидбылты бахуды ӕмӕ стӕй семӕ журналты тыххӕй ныхас кӕнын райдайы. Афтӕмӕй бирӕтимӕ зӕрдӕбынӕй аныхас кӕны ӕмӕ бирӕ литературӕ байуары.
3 Иннӕты ӕнкъарӕнтӕ фиппай. Иннӕтӕм комкоммӕ куы кӕсӕм, уӕд сын се ’нкъарӕнтӕ фиппайдзыстӕм. Зӕгъӕм, исчи нын нӕ ныхӕстӕ куы нӕ фембары кӕнӕ сыл разы куы нӕ вӕййы, уӕд уый арӕхдӕр фӕзыны йӕ цӕсгомыл. Йӕ цӕсгоммӕ йын куы кӕсӕм, уӕд бамбардзыстӕм кӕй йӕ не ’вдӕлы кӕнӕ кӕй стыхсти, уый. Уӕд нӕ бон уыдзӕн нӕ ныхас фӕивын кӕнӕ фӕцыбырдӕр кӕнын. Иннӕты ӕнкъарӕнтӕ куы фиппайӕм, уӕд уымӕй ӕвдисдзыстӕм, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ сыл кӕй тыхсӕм.
4 Зӕрдиагӕй ӕмӕ фидарӕй. Бирӕ рӕтты комкоммӕ кӕсын нымад цӕуы, адӕймаг сыгъдӕгзӕрдӕ кӕй у, ууыл. Ӕркӕс-ма, Йесо цавӕр дзуапп радта йӕ ахуыргӕнинӕгты фарстӕн: «Уӕдӕ уӕд чи фервӕздзӕн?» Библи дзуры: «Йесо сӕм бакаст ӕмӕ сын загъта: „Уый адӕмы бон нӕу, фӕлӕ Хуыцауӕн Йӕ бон ӕппӕт дӕр у“» (Матф. 19:25, 26, НТ). Уӕдӕ сӕм Йесо комкоммӕ кӕй бакаст, уый тыххӕй йӕ ныхӕстӕ сӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр бахъардтой. Афтӕ мах дӕр адӕймагмӕ комкоммӕ куы кӕсӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады хабар зӕрдиагӕй ӕмӕ фидарӕй хъусын кӕнӕм (2 Кор. 2:17; 1 Фес. 1:5).