Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 9/04 1 ф.
  • Дӕ цӕст хуымӕтӕг уӕд

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Дӕ цӕст хуымӕтӕг уӕд
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2004
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Дӕ цӕст иу цӕмӕдӕр арӕзт у?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2010
  • «Цӕсты къахтӕн – цӕсты къахт». Ацы закъон цӕуыл дзурӕг у?
    Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Иубонон конгрессы программӕ фӕлхат кӕныны ӕрмӕг
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
  • Иубонон конгрессы программӕ
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2004
km 9/04 1 ф.

Дӕ цӕст хуымӕтӕг уӕд

1. Хуымӕтӕг цӕст кӕмӕн ис ӕмӕ уый ахсджиаг цӕмӕн у?

1 Йесо йӕ Уӕлхох уацамынды йӕ хъус ӕрдардта, адӕймаг цардмӕ цы цӕстӕй кӕсы, аразгӕ дӕр ӕй уымӕ гӕсгӕ кӕй кӕны. Уый загъта: «Дӕ цӕст сыгъдӕг куы уа, уӕд дӕ буар иуылдӕр уыдзӕн рухс; фӕлӕ дӕ цӕст куы уа ӕвзӕр, уӕд дӕ буар иуылдӕр уыдзӕн талынг» (Матф. 6:22, 23). Сыгъдӕг, кӕнӕ хуымӕтӕг, цӕст уымӕн ис, йӕ царды нысан фӕллой, мулк ӕмбырд кӕнын нӕ, фӕлӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕмӕн у (Матф. 6:19—21, 24—33). Цӕмӕй нӕ цӕст хуымӕтӕг уа, уымӕн нын цы баххуыс уыдзӕн?

2. Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ мулкмӕ, фӕллоймӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

2 Цы дын ис, уымӕй разы у. Фыстад куыд амоны, афтӕмӕй алчидӕр хъуамӕ йӕ бинонты дара, цух сӕ мацӕмӕй уадза (1 Тим. 5:8). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ногӕй ӕмӕ хуыздӕрӕй цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕ амал кӕнӕм (Ӕмб. 27:20; 30:8, 9). Библи нын зӕгъы, цӕмӕй разы уӕм, ӕнӕмӕнгхъӕугӕ цы у, уымӕй — «хӕринаг ӕмӕ дарӕсӕй» (1 Тим. 6:8; Дзут. 13:5, 6). Ацы уынаффӕмӕ куы хъусӕм, уӕд нӕ цӕст, цы нӕ нӕ хъӕуы, уыдӕттыл нӕ дзӕгъӕлтӕ кӕндзӕн.

3. Цӕмӕй ӕнӕхъуаджы нӕ тыхтӕ ма хӕрӕм, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы аразын?

3 Хорз уаид, ӕнӕхъуаджы ӕхца ӕфстау куы нӕ исиккам, нӕ рӕстӕг ӕмӕ нын нӕ тыхтӕ цы хӕры, уыдӕттӕ куы нӕ ӕлхӕниккам ӕмӕ куы нӕ аразиккам (1 Тим. 6:9, 10). Фӕлӕ цы хъӕуы уый тыххӕй? Дӕ зӕрды исты бакӕнын куы уа, уӕд скув ӕмӕ дзӕбӕх ахъуыды кӕн, Хуыцауы куысты дӕ бахъыгдардзӕн ӕви нӕ. Царды дын хъуамӕ иууыл сӕйрагдӕр уа Хуыцауы хъуыддаг (Фил. 1:10; 4:6, 7).

4. Цӕмӕн хъуамӕ фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнӕм нӕ цард?

4 Дӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕн. Цӕмӕй мулчы хызы ма бахауӕм, уый тыххӕй ма нӕ хъӕуы нӕ цард фӕхуымӕтӕг кӕнын дӕр. Иу ӕфсымӕр бамбӕрста, сӕ цард куы фӕхуымӕтӕгдӕр кодтой ӕмӕ сӕм раздӕрау бирӕ цыдӕртӕ куы нал ис, уӕддӕр йӕ бинонтӕ цӕрын кӕй фӕразынц. Уый зӕгъы: «Ныр мӕ бон у ӕмбырдӕн бирӕ фылдӕр ӕххуыс кӕнын, ӕмӕ фидарӕй зӕгъын: Иегъовӕйӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕ сӕхи хъуыддӕгты разӕй дӕр уый хъуыддаг куы фӕаразынц, уӕд сӕ йӕ хорздзинӕдтӕй цух нӕ уадзы». Дӕу дӕр нӕ фӕнды дӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнын ӕмӕ Иегъовӕйӕ стырдӕр хорзӕхтӕ райсын?

5. Цӕмӕй нӕ цӕст хуымӕтӕг уа, уый тыххӕй нӕ ӕппынӕдзух тох кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

5 Мах ӕппынӕдзух хъӕуы тох кӕнын, уымӕн ӕмӕ нӕ ӕнцад нӕ уадзынц иуӕрдыгӕй Сайтан ӕмӕ ацы мулкылмард дуне, иннӕрдыгӕй та не ’нӕххӕстдзинад. Уӕдӕ нӕ цӕст йӕхи бар ма ауадзӕм, фӕлӕ йӕ саразӕм Хуыцауы фӕндонмӕ ӕмӕ диссаджы фидӕны ныфсмӕ — ӕнусон цардмӕ (Ӕмб. 4:25; 2 Кор. 4:18).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын