Иубонон конгрессы программӕ фӕлхат кӕныны ӕрмӕг
Ацы ӕрмӕг ӕвзӕрст цӕудзӕн Хъусын кӕныны фембӕлдты, 2006 лӕггады азы иубонон конгрессы размӕ ӕмӕ йӕ фӕстӕ. Конгрессы размӕ сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарӕг ӕрныхас кӕндзӕн, ног программӕйы цы уыдзӕн, ууыл, ӕмӕ йӕ конгрессы фӕстӕ та ӕмбырдимӕ сфӕлхат кӕндзысты, 2004 азы августы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг»-ы 4 фарсыл куыд амынд у, уымӕ гӕсгӕ. Фӕлхаты рӕстӕджы ӕргом фылдӕр аздахын хъӕуы, ӕрмӕгӕй царды куыд спайда кӕнӕм, уымӕ.
РАЙСОМӔЙ
1. Куыд ӕмбарын хъӕуы, нӕ цӕст сыгъдӕг дарӕм, зӕгъгӕ, ӕмӕ уый абон зын цӕмӕн у? («Нӕ цӕст сыгъдӕг цӕмӕн хъуамӕ дарӕм?»)
2. Цы пайда нын у нӕ цӕст сыгъдӕг дарын? («Арфӕгонд сты, йӕ цӕст сыгъдӕг чи дары, уыдон».)
3. Растыл нымад цы хъуыддӕгтӕ сты, уыдонӕй бирӕтӕ тӕссаг цӕмӕй сты? («Ацы фыддунейы нӕ цӕст сыгъдӕг дарӕм».)
ФӔССИХОР
4. Ныййарджытӕ ӕмӕ иннӕтӕн дӕр сӕ бон куыд у ӕрыгон чырыстӕттӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддӕгтимӕ баст нысӕнттӕ ӕвӕрой? («Ныййарджытӕ, уӕ фаттӕ раст нысанмӕ аразут» ӕмӕ «Ӕрыгӕттӕ, тырнут Хуыцауы хъуыддӕгтимӕ баст нысӕнттӕм».)
5. Цы аразын хъӕуы, цӕмӕй а) нӕхӕдӕг, ӕ) нӕ бинонтӕ, б) не ’мбырд Иегъовӕйы организациимӕ размӕ цӕуой? («Де ’ргом здах, цӕмӕй Иегъовӕйы организациимӕ размӕ цӕуай».)