Иубонон конгрессы программӕ
Цӕст диссаджы арӕзт у (Пс. 138:14). Фӕлӕ уӕддӕр уыцы иу рӕстӕг йӕ бон у ӕрмӕст иу цӕмӕдӕр кӕсын. Уый афтӕ у комкоммӕ ӕмӕ ахӕсгӕ хуызы дӕр. Цӕмӕй нӕ монон цӕст сыгъдӕг ӕмӕ бӕлвырд цӕмӕдӕр здӕхт уа, уый тыххӕй нӕ каст сӕйрагдӕр хъуамӕ уа Хуыцауы фӕнд ӕххӕст кӕнынмӕ. Сайтаны дунейы фӕливӕнтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц, ӕмӕ 2006 лӕггады азы иубонон конгресс дӕр уый тыххӕй хуыйны «Дӕ цӕст сыгъдӕг дар!» (Матф. 6:22).
Цы аразын нӕ хъӕуы, цӕмӕй Иегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕ райсӕм? (Ӕмб. 10:22). Ацы фарст ӕвзӕрст цӕудзӕн раныхасы «Арфӕгонд сты, йӕ цӕст сыгъдӕг чи дары, уыдон». Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын цы ахъаз у, уый фӕдыл дзы уыдзӕн интервью. Хуынд ӕфсымӕры фыццаг раныхас хуындзӕн «Ацы фыддунейы нӕ цӕст сыгъдӕг дарӕм». Нӕ хъус нын ӕрдардзӕн, цы хъуыддӕгтӕ нӕ, гӕнӕн ис, къуылымпы кӕной ӕмӕ нын нӕ уырнындзинад мынӕг кӕной. Стӕй ма базондзыстӕм, куыд ӕмбаргӕ у «хуыздӕр хай ӕвзарын» (Лук. 10:42).
Ныййарджытӕ ӕмӕ иннӕтӕн дӕр сӕ бон куыд у ӕрыгон чырыстӕттӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕхицӕн Хуыцауы хъуыддӕгтимӕ баст нысӕнттӕ ӕвӕрой? Раныхӕсты, «Ныййарджытӕ, уӕ фаттӕ раст нысанмӕ аразут» ӕмӕ «Ӕрыгӕттӕ, тырнут Хуыцауы хъуыддӕгтимӕ баст нысӕнттӕм», ныййарджытӕ ӕмӕ ӕрыгӕттӕ сӕхӕдӕг дӕр дзурдзысты уыцы ахсджиаг фарстатыл (Пс. 126:4). Кӕронбӕттӕны ныхасы рацӕудзӕн хуынд ӕфсымӕр, ӕмӕ равзардзӕн, цы аразын хъӕуы, цӕмӕй нӕхӕдӕг дӕр, нӕ бинонтӕ дӕр ӕмӕ не ’мбырд дӕр Иегъовӕйы организациимӕ размӕ цӕуӕм.
Чидӕр нӕ ӕцӕгад нырма ӕрӕджы базыдта, чидӕр та дӕсгай азты дӕргъы лӕггад кӕны Иегъовӕйӕн, фӕлӕ не ’ппӕтӕн дӕр ахсджиаг у «нӕ цӕст сыгъдӕг дарын». Ӕмӕ нын ацы хъуыддаджы баххуыс кӕндзӕн иубонон конгрессы программӕ.