Иубонон конгрессы ног программӕ
Уавӕр тӕссаг кӕй у, уый куы фенӕм кӕнӕ фӕдисхъӕр куы фехъусӕм, фӕлӕ йӕ куы ницӕмӕ ӕрдарӕм, уӕд гӕнӕн ис ӕмӕ фыдбылызы бахауӕм. Ноджы ахсджиагдӕр та у, Иегъовӕ нын цы фӕдзӕхстытӕ дӕтты, уыдонмӕ хъусын. Ууыл дзырд цӕудзӕн иннӕ лӕггады азы иубонон конгрессы, хуыйны «Уӕ цӕст дарут, куыд хъусут, уымӕ» (Лук. 8:18).
Хуынд ӕфсымӕр йӕ фыццаг раныхасы ӕрдзурдзӕн, Павел Хуыцауы сыгъдӕг уды разамындӕй дзуттытӕм цы фыстӕг ныффыста, уымӕн йӕ фыццаг сӕрты фыст уынаффӕтӕ абон махмӕ куыд хауынц, ууыл. Йӕ фӕстаг раныхас, «Уӕ хъус лӕмбынӕг дарут Иегъовӕйы алы фӕдзӕхстмӕ дӕр», не ’ппӕтӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн, Иегъовӕмӕ, йӕ Фыртмӕ ӕмӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъармӕ» ӕцӕгдӕр хъусӕм ӕви нӕ, уый сбӕлвырд кӕнынӕн (Матф. 24:45).
Программӕйы цалдӕр раныхасы уӕлдай ахъаз фӕуыдзысты бинонтӕн. Раныхас «Бинонтӕ, мацы уӕ хъыгдарӕд Хуыцауы Ныхасмӕ хъусын», зӕгъгӕ нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нын дунейы хъуыддӕгтӕ нӕ уырнындзинады зынг ма ныммынӕг кӕной. Уыцы раныхасы ма интервью райсдзысты, йӕ царды ивындзинӕдтӕ чи скодта ӕмӕ монон хъуыддӕгтӕ сӕйраг бынаты чи сӕвӕрдта, уыдонӕй. Раныхасы «Нӕ кӕстӕртӕ Хуыцауы Ныхасмӕ лӕмбынӕг кӕй хъусынц, уый фӕрцы фидар сты», зӕгъгӕ, бафӕрсдзысты ахӕм ӕрыгӕтты, скъолайы, ӕмгӕртты ’хсӕн кӕнӕ та уацамынды ӕцӕгады фарс фидарӕй чи хӕцы. «Гыццылтӕ Хуыцаумӕ хъусынц ӕмӕ ахуыр кӕнынц»-ӕй хуыздӕр базондзыстӕм, сабитӕм ахӕм цӕстӕй кӕсӕн кӕй нӕй, ома нырма ницы ӕмбарынц. Гыццыл сывӕллӕттӕ ӕмӕ сӕ ныййарджытӕй цы интервью исдзысты, уымӕй фендзыстӕм, сывӕллоны авдӕнӕй фӕстӕмӕ Иегъовӕйы фӕндӕгтыл ахуыр кӕнын хорз цӕмӕй у.
Сайтан кӕд «ӕппӕт дунейы сайы», уӕддӕр Иегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн амоны, цы фӕндагыл хъуамӕ цӕуой, уый (Рарг. 12:9; Ис. 30:21). Йӕ уынаффӕтӕм ын лӕмбынӕг куы хъусӕм ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд уыдзыстӕм зондджын, амондджын ӕмӕ ӕнусон цард нӕхи цӕстӕй фендзыстӕм (Ӕмб. 8:32—35).