Иубонон конгрессы программӕ фӕлхат кӕныны ӕрмӕг
Ацы ӕрмӕг у 2005 лӕггады азы иубонон конгрессы программӕмӕ развӕлгъау ӕркӕсынӕн ӕмӕ йӕ конгрессы фӕстӕ сфӕлхат кӕнынӕн. Ацы уӕлӕмхасӕн сыфы 4 фарсыл ис статья «Ног фӕтк конгрессты программӕ фӕлхат кӕнынӕн»; дзырд дзы цӕуы, куыд ӕй хъӕудзӕн ӕвзарын. Рӕстӕг хъӕуы афтӕ адих кӕнын, цӕмӕй алы фарст дӕр ӕвзӕрст ӕрцӕуа. Фӕлхаты рӕстӕджы ӕргом фылдӕр аздахын хъӕуы, ӕрмӕгӕй царды куыд спайда кӕнӕм, уымӕ.
РАЙСОМӔЙ
1. Бонӕй-бонмӕ нӕ тынгдӕр цӕмӕн хъӕуы Иегъовӕмӕ хъусын? Цы нысан кӕны хъусын? («Цӕмӕн нӕ хъӕуы Иегъовӕйы хъӕлӕсмӕ хъусын»).
2. Бинонтӕн сӕ бон куыд у чырыстон хъуыддӕгтӕн хорз фӕтк скӕнын ӕмӕ йыл хӕцын? («Бинонтӕ, мацы уӕ хъыгдарӕд Хуыцауы Ныхасмӕ хъусын»).
3. Нӕ районы хъусынгӕнджытӕ куыд хъусын кӕнынц, фадат сын куы фӕзыны, уӕд? («Алцыдӕр кӕнут Хуыцауы кадӕн»).
4. Дзуттытӕм ӕрвысты 3 ӕмӕ 4 сӕрты цы зондзонӕн цӕвиттон ис, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Иегъовӕ абон немӕ куыд дзуры? («Хуыцау куы фӕдзуры, уӕд хъусӕм, ӕмӕ нын тас ницӕмӕй уыдзӕн»).
5. Донаргъуыды размӕ цы раныхас уыд, уый дын куыд фӕахъаз? («Нывонддзырд ӕмӕ донаргъуыд»).
ФӔССИХОР
6. Цы базыдтам, Йесо цавӕр сывӕллон уыд, уый тыххӕй, ӕмӕ йӕ нӕ районы ӕрыгӕттӕ куыд фӕзмынц? («Нӕ кӕстӕртӕ Хуыцауы Ныхасмӕ лӕмбынӕг кӕй хъусынц, уый фӕрцы фидар сты»).
7. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты Иегъовӕйы фӕндӕгтыл ахуыр кӕнын куыд райдайынц? («Гыццылтӕ Хуыцаумӕ хъусынц ӕмӕ ахуыр кӕнынц»).
8. Цавӕр фадгуыты нӕ хъӕуы Иегъовӕмӕ, йӕ Фыртмӕ ӕмӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъармӕ» хъусын? (Матф. 24:45). Уый ахсджиаг цӕмӕн у? («Уӕ хъус лӕмбынӕг дарут Иегъовӕйы алы фӕдзӕхстмӕ дӕр»).