Районон конгрессы программӕ фӕлхат кӕныны ӕрмӕг
Ацы ӕрмӕг у 2005 лӕггады азы районон конгрессы программӕмӕ развӕлгъау ӕркӕсынӕн ӕмӕ йӕ конгрессы фӕстӕ сфӕлхат кӕнынӕн. Ацы уӕлӕмхасӕн сыфы 4 фарсыл ис статья «Ног фӕтк конгрессты программӕ фӕлхат кӕнынӕн»; дзырд дзы цӕуы, куыд ӕй хъӕудзӕн ӕвзарын. Рӕстӕг хъӕуы афтӕ адих кӕнын, цӕмӕй алы фарст дӕр ӕвзӕрст ӕрцӕуа. Фӕлхаты рӕстӕджы ӕргом фылдӕр аздахын хъӕуы, ӕрмӕгӕй царды куыд спайда кӕнӕм, уымӕ.
ФЫЦЦАГ БОН, РАЙСОМӔЙ
1. Куыд у нӕ бон уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд амал кӕнын?
2. Нӕ районы хъусынгӕнджытӕ цы аразынц, цӕмӕй хорз хабар фылдӕр адӕмӕн фехъусын кӕной?
ФЫЦЦАГ БОН, ФӔССИХОР
3. Чырыстонӕн йӕ хъуыдытӕ, йӕ фӕндтӕ сыгъдӕг цӕмӕн хъуамӕ уой? Цы хъуамӕ аразӕм уый тыххӕй?
4. Не ’фсымӕртимӕ нӕ фӕрнӕй цӕрын кӕй фӕнды, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?
5. Цы у ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ нӕ рӕстӕгӕй куыд пайда кӕнӕм, уымӕй куыд зыны?
6. Цӕуыл ахуыр кӕнӕм Саул ӕмӕ Нойӕ? «Коммӕгӕс» кӕй стӕм, уый нӕ бон цавӕр хъуыддӕгтӕй у ӕвдисын? (Иак. 3:17).
7. Чырыстӕттӕн сӕ бон куыд у дывӕлдах цардӕй сӕхи хизын?
8. Павелау махӕн дӕр нӕ бон куыд у Хуыцауы зонд хъусын кӕнын?
ДЫККАГ БОН, РАЙСОМӔЙ
9. Цавӕр ирхӕфсӕнтӕ ӕвзарӕм, уымӕ нӕ хъус цӕмӕн хъуамӕ дарӕм, ӕмӕ нын уымӕн цы баххуыс кӕндзӕн?
10. Нӕ районы хъусынгӕнджытӕ цы аразынц, цӕмӕй ӕмбырды фембӕлдтӕ ма цух кӕной ӕмӕ сын уый ахъаз цӕмӕй у?
11. Бинонты хистӕрӕн йӕ бон куыд у йӕ хӕдзаронтыл аудын?
12. Нӕ районы цавӕр ӕркӕсинаг фарстатӕ ис?
ДЫККАГ БОН, ФӔССИХОР
13. Ӕргом раныхасы куыд дзырдӕуыд, афтӕмӕй нӕ уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд цавӕр хорз хъуыддӕгтӕм разӕнгард кӕны?
14. Нӕхиуыл кӕнӕ та Хуыцауы зондӕй чи нӕ архайы, уыдоныл ныфс дарын раст цӕуылнӕ у? Царды цавӕр фӕзилӕнты хъуамӕ уӕм цырддзаст?
15. Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд нӕ цавӕр къӕппӕджытӕй хъахъхъӕны?
16. Районон конгрессы цы уынаффӕтӕ фехъуыстам, уыдон цӕмӕн хъуамӕ ӕххӕст кӕнӕм?