Районон конгрессы ног программӕ
Ацы «уӕззау рӕстӕджыты» мах хъӕуы уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд, цӕмӕй Иегъовӕйы хорзӕх ссарӕм ӕмӕ йӕ ма фесафӕм (2 Тим. 3:1). 2005 лӕггады азы районон конгрессы фехъусдзыстӕм программӕ нын ратдзӕн, царды спайда кӕнӕн кӕмӕй уа, ахӕм уынаффӕтӕ ӕмӕ ныфсы ныхӕстӕ; уый зыны конгрессы номӕй дӕр — «„Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зондӕй“ архай» (Иак. 3:17).
Фыццаг къорд раныхасы иумӕйаг ном у «„Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд“ нӕм кӕй ис, уый нӕ цардӕй бӕрӕг уӕд». Уыдон нын бамбарын кӕндзысты, цы нысан кӕны, адӕймаг сыгъдӕг, фӕрнӕйдзаг, ӕмбаргӕ ӕмӕ коммӕгӕс уа. Уый фӕстӕ районон цӕстдарӕг ӕрдзурдзӕн уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонды ӕртӕ ӕндӕр фӕзилӕныл. Фыццаг боны программӕйы кӕрон облӕстон цӕстдарӕг ӕрныхас кӕндзӕн, чырыстон лӕггадгӕнджытӕ Хуыцауы зонд хъусын кӕнынмӕ куыд ифтонг сты, ууыл, кӕд иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ уыдон хуымӕтӕг ӕмӕ ӕнӕахуыргонд сты, уӕддӕр (Ап. к. 4:13).
Дыккаг бон къорд раныхасӕй — сӕ иумӕйаг ном «Хорзырдӕм ныл цы фӕзындзӕн, уымӕ тырнӕм» — мах базондзыстӕм, куыд у нӕ бон, нӕ уырнындзинад кӕмӕй фӕцуддзӕн, ахӕм хъуыддӕгтӕ хатын ӕмӕ сӕ нӕхи хизын. Уыцы раныхӕсты ма фехъусдзыстӕм, ӕмбырды фембӕлдты, уацамынды ӕмӕ бинонты ’хсӕн куыд у нӕ бон иннӕты ныфсыл ныфс ӕфтауын. Ӕргом раныхасмӕ куы байхъусӕм, уӕд, Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ цы хорзӕхтӕ ссарӕм, уыдон тыххӕй тынгдӕр бузныг уыдзыстӕм. Раныхас хуыйны «Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд нын ахъаз куыд у». Фӕстаг раныхас, «Хуыцауы зондӕй архайӕм, ӕмӕ фыдбылызтӕй хызт уыдзыстӕм», мах бафидар кӕндзӕн, цӕмӕй ацы фӕстаг бонты зонд агурӕм Иегъовӕйӕ.
Алы конгрессы дӕр ног ахуыргӕнинӕгтӕ донаргъуыд райсынц. Программӕмӕ ма хаст сты Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола ӕмӕ «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг»-ы ахуыр уыцы къуырийӕн. Иегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ зонд махӕй алкӕмӕндӕр ахъаз уа. Нӕ районон конгрессы цы уынаффӕтӕ ӕмӕ ныфсы ныхӕстӕ фехъусдзыстӕм, уыдонӕй нӕ удварн фӕхъӕздыгдӕр уыдзӕн (Ӕмб. 3:13—18).