Районон конгресс нын нӕ уырнындзинад бафидар кӕндзӕн
1. Йегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕнӕм?
1 Йегъовӕ нӕ ахуыр кӕны ӕмӕ нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй нӕ бон уа, цы куыст нын бахӕс кодта, уый аразын – хорз хабар хъусын кӕнын (Матф. 24:14; 2 Тим. 4:17). Уый тыххӕй нын бацӕттӕ кӕны районон конгресстӕ дӕр. 2010 лӕггады азы районон конгресс хуыйны: «Уӕ уырнындзинад хъахъхъӕнут». Программӕ арӕзт у Ромӕгтӕм 8:5 ӕмӕ Иудӕйы 17–19 стихтыл. Конгресстӕ райдайдзысты 2009 азы 31 августӕй.
2. а) Конгресс нын куыд баххуыс кӕндзӕн? ӕ) Раздӕры районон конгресстӕ дын уацамынды куыд баххуыс кодтой?
2 Районон конгресс нын куыд баххуыс кӕндзӕн? Конгрессы фӕрцы лӕмбынӕг уыдзыстӕм, тӕссаг нын цы хъуыддӕгтӕ сты, уыдонмӕ. Зӕгъӕм, нӕ рӕстӕг цӕуыл хардз кӕнӕм, ахӕм хъуыддӕгтӕм ӕмӕ ӕцӕгдӕр ахсджиаг цы у, уымӕй нӕ иуварс чи кӕны, уыдӕттӕм. Базондзыстӕм, нӕ бон куыд у фидар фӕлӕууын, дунейы цы зондахаст ис, уый ныхмӕ, ома куыддӕриддӕр дӕ фӕнды, афтӕ цӕр. Стӕй ма базондзыстӕм, цӕмӕй бӕрӕг у, адӕймагӕн фидар уырнындзинад кӕй ис, уый. Хуыцаубоны программӕйӕ базондзыстӕм, нӕ бон куыд у нӕхи ӕмӕ нӕ бинонты уырнындзинад фидар кӕнын. Уый ахсджиаг у, уымӕн ӕмӕ нӕ ныхмӕ тынгӕй-тынгдӕр цӕуынц ӕмӕ нӕ уырнындзинад фӕлвӕрд цӕуы. Районон конгресс нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ нӕ уырнындзинад бахъахъхъӕнӕм, ӕмӕ нӕ хъуыдыйы дарӕм, кӕронмӕ фидар чи фӕлӕууа, уыдонмӕ цы арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый.
3. Уӕ районон конгресс кӕд уыдзӕн, ӕмӕ дӕ цы саразын хъӕудзӕн?
3 Куыддӕр фехъусай, уӕ районон конгресс кӕд ӕмӕ кӕм уыдзӕн, уый, афтӕ иу дӕ хъуыддӕгтӕ пълан кӕнын райдай, цӕмӕй дыууӕ боны программӕмӕ дӕр байхъусай. Ныфс дӕ уӕд, алцыдӕр бӕстон чи кӕны, уымӕн Йегъовӕ кӕй арфӕ кӕндзӕн (Ӕмб. 21:5).
4. Районон конгресс нын куыд баххуыс кӕндзӕн?
4 Йегъовӕ нын ӕууӕнкджын цагъары уылты цы диссаджы конгресс бацӕттӕ кодта, уый у стыр лӕвар. Уым фехъусдзыстӕм, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уый, цӕмӕй нӕ бон уа Хуыцауӕн лӕггад кӕнын. Мах стыр бузныг стӕм Йегъовӕйӕ, алцыдӕр нын кӕй дӕтты, цӕмӕй «нӕ ныфсы тыххӕй дарддӕр дӕр ӕргом ӕмӕ фидарӕй дзурӕм» (Дзут. 10:23–25; Иак. 1:17).